Хъæууон дзырдтæ: дез æмæ хъахъа

Хъæууон дзырдтæ: дез æмæ хъахъа
Рафыссын
Дзырды ахадындзинад баст вæййы йæ раныл дæр: хъæууон адæмы ныхасы бирæ ис "хъæууон" дзырдтæ, æмæ горæттæгтæм та фылдæр сæхи дзырдтæ вæййы. Цæвит­тон, стуры йеддæмæ хæдзарон фосæй "дез" никæмæн дзурынц. Лыстæг фосы "дез" нæ хъæуы, тæлфгæ кæнынц. Стæй сæм адæймаг куы баввахс вæййы, уæд сæхæдæг ахибар вæййынц.
Фæдез кæнын йæ мидисæй у феккуырсыны хуызæн, фæлæ бынтон æмгъуызон не сты: "фæдез кæнын"-ы ныса­ниуæгмæ цыдæр æрбаирвæзтис кæвдæсы цурæй æмæ йын уый дæтты сæрмагонд стилистикон тæфаг, алы фындз кæй нæ хаты, ахæм цавæрдæр хъазæнæмхасæн тæфаг...
"Хъахъа" карк кæны. Нæ дзырдуæтты "хъахъа"-йы бæсты ис "хъуыдатт", фæлæ уыдонæй алкæмæн йæхи бынат ис æмæ кæрæдзийы нæ ивынц. Карк айк куы æрæфтауы, уæд дуне йæхимæ æрыхъусын кæны йæ хъæрæй – "хъуыдатт" кæны. Афтæ-ма фæхъæр кæны, йæ æфтуаны йæ зæрдæмæ цыдæр куы нæ фæцæуы, кæнæ ис­тæмæй куы тæрсы, уæд.
"Хъахъа" æндæргъуызон у: цыма исты агуры, истæуыл катай кæны, уыйау уыцы иугъæдонæй адаргъ кæны карк йæ "хъа-хъа-хъа"...
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0