Хъырымы аэродромы срæмыгъдты фæстиуæгæн 13 адæймаджы райстой цæфтæ, иу адæймаг та фæмард

© Sputnik / Макс Ветров /  Ахизын медиабанкмæХъырымы аэродромы срæмыгъдты фæстиуæгæн 13 адæймаджы райстой цæфтæ, иу адæймаг та фæмард
Хъырымы аэродромы срæмыгъдты фæстиуæгæн 13 адæймаджы райстой цæфтæ, иу адæймаг та фæмард - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik. Æртындæс адæймаджы райстой цæфтæ, иу та фæмард Хъырымы Новофедоровка аэродромыл срæмыгъдты фæстиуæгæн, хъусын кæны æртыццæджы РИА Новости регионалон æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадыл æнцойгæнгæйæ.
УФ Хъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Новофедоровка аэродромыл дыццæджы райсомæй спырх сты хæстæрмæджытæ, йæ аххосæгтæ бæрæг цæуынц. Бынатæй докладмæ гæсгæ, аэродромыл хæстæрмæджытæ æвæрыны фæзуат æхсгæ нæ фæкодтой.
"8.30 сахатмæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ….цауы фæстиуæгæн Новофедоровкайы 13 адæймаджы райстой цæфтæ, иу адæймаг та фæмард", - банысан кодтой министрады пресс-службæйы.
Сакы районон рынчындоны медицинон æххуыс бакодтой 10 пациентæн амбулаторон уавæрты, сæ нымæцы дыууæ æнахъомы. Уыдон иууылдæр райстой рог цæфтæ. Иу пациент стационарон хоскæнынад цæуы рынчындоны. Ноджы ма дыууæ цæрæджы та сæхæдæг бадзырдтой медицинон æххуысы фæдыл Симферополы æхсæзæм рынчындонмæ, уый фæстæ сæ ауагътой сæхæдзæрттæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0