Спорт иу кæны алы нацитæ æмæ динты: Гаглойты Алан физкультурникы боны фæдыл

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Физикон культурæ иу кæны спорт æмæ æнæниз царды уарзджыты сæ професси, кар, наци æмæ динмæ æнæкæсгæйæ. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæйы телы Физкультурникы боны цытæн.
Президент бахахх кодта, физикон культурæ нымад кæй цæуы алы нырыккон паддзахады социалон политикæйы асджиагдæр здæхттæй сæ иу.

"Стыр бузныг дзурын алкæмæндæр, кæмæн физкультурæ æмæ спорт ссисты професси. Сымах руаджы нæ номдзыд спортсментæ басастой бирæ бæрзæндтæ, æмæ мах сæрыстыр стæм нæ æмзæххонты уæлахизтæй, кæцытæ кад кæнынц Хуссар Ирыстонæн æхсæнадæмон æмвæзадыл", - дзырдæуы арфæйы телы, кæцы мыхуыргонд æрцыд президенты сайтыл.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, ахæм æнтыстытæ мотиваци кæнынц профессионалон спорты массон райрæзт, афтæ ма ахъаз сты нæ æмбæстæгты æрбаздахынæн физикон культурæйæ архайынмæ.
Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, зæгъгæ, бæрзонд спортивон æнтыстытæ нæ вæййынц æнæ чысыл уæлахизтæй æмæ бафтыдта, алцыдæр арæзт кæй цæудзæн, цæмæй наци уа æнæниз.
Гаглойты Аланы цæст бауарзта ацы къабазы кусджытæн фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ сæ куысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0