Уæрæсейы æфсæдтæ сæрмагонд операцийы райдайæнæй скуынæг кодтой 267 украинæйаг хæдтæхæджы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУкраинæйаг хæдтæхæг
Украинæйаг хæдтæхæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой 267 украинæйаг хæдтæхæджы, хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрад.
"Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй уæрæсейаг æфсæдтæ скуынæг кодтой 267 хæдтæхæджы, 145 вертолеты, 1720 æнæпилотон тæхæг аппараты, 365 зенитон-ракетон комплексы", - дзырдæуы хъуснаджы.
Афтæ ма сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы скуынæг кодтой 4283 танчы æмæ æндæр хæстон хæдтулгæйы, залпон æхсты реактивон системæты 795 хæстон хæдтулгæйы, быдырон артиллери æмæ минометты 3286 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4807 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0