Хуссарирыстойнаг экипажтæ ауагътой æхстытæ "Танкон биатлон"-ы размæ

© Пресс-служба МО РЮОХуссарирыстойнаг экипажтæ ауагътой æхстытæ "Танкон биатлон"-ы размæ
Хуссарирыстойнаг экипажтæ ауагътой æхстытæ Танкон биатлон-ы размæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтытæ-2022 конкурс "Танкон биатлон"-ы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады командæ полигон "Алабино"-йы ауагъта йæ танктæн æхстытæ. Уый тыххæй хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Хуссарирыстойнаг танкистты фыццаг ралæуд ацæудзæн 14 августы.
"Т-72Б3 танкты штатон хæцæнгарз æркодтой тохы уавæртæм – уыдон сты 125-мм пушкæтæ, 12,7-мм зенитон æмæ 7,62-мм пулеметтæ. Экипажтæ фæйнæ фондз æхсты фæкодтой танчы сæйраг сармадзанæй æмæ фæйнæ 30 æхсты та автоматикон хæцæнгарзæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, пушкæйы нысанмæ дистанци уыд 1600 метры, пулеметтæн та – 600 метры.
Хуссар Ирыстоны кад "Танкон биатлон"-ы хъахъхъæнынц цыппар экипажы, конкурсмæ уыдон ацыдысты техникон æххуысы службæимæ.
VIII Æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтытæ ацæудзысты 12 паддзахады территорийыл 13-æй 27-æм августмæ.
© Пресс-служба МО РЮОХуссарирыстойнаг экипажтæ ауагътой æхстытæ "Танкон биатлон"-ы размæ
Команда Минобороны РЮО на Танковом биатлоне провела пристрелку орудий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2022
Хуссарирыстойнаг экипажтæ ауагътой æхстытæ "Танкон биатлон"-ы размæ
Ног хабӕртты лентӕ
0