Цхинвалы ацыд концерт Донбассы хъахъхъæнджыты фарс балæууыны нысанæн

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд концерт Донбассы хъахъхъæнджыты фарс балæууыны нысанæн
Цхинвалы ацыд концерт Донбассы хъахъхъæнджыты фарс балæууыны нысанæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы æртыццæджы изæр ацыд концерт ирон лæппуты фарс балæууынæн, кæцытæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы.
Концертон программæмæ "За наших бойцов!" бацыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æвзонг æххæстгæнджыты композицитæ. Ацы изæр ралæууыдысты: Лалыты Альберт, Икъаты Милена æмæ Ибрагим, Тасойты Игорь, Джиоты Ибрагим, Зæнджиаты Мæдинæ, Мæргъиты Лери, Джелиты Оксана æмæ æндæртæ.
Арттисттæ сæххæст кодтой патриотикон зарджытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Æххæстгæнджыты репертуары уыдысты куыд советон дуджы зарджытæ, афтæ нырыкконтæ дæр.
Концертмæ æрбацыдысты сæдæгай адæм, сæ нымæцы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.

"Абон сценæйæ райхъуыстыты бирæ ахсджиаг дзырдтæ: сæрибардзинад, фыдыбæстæ, æмгар, Цхинвал, Хуыцаумæ скуывд, "ма хæцут уырыссæгтимæ". Ацы ныхæстæ куы баиу кæнæм, уæд дзы рауайдзæн стыр хъуыддаг, кæцы дзаг у патриотизмæй. Абон ам æрæмбырд сты алы кары адæм дæр, кæцытæ балæууыдысты нæ хæстон фарс", - бахахх кодта Гаглойты Алан.

Президент бузныг загъта артисттæн ахæм хорз æнкъарæнты тыххæй.
"Мах иууылдæр хъуыды кæнæм, 14 азы размæ нæ зæххыл кæй калд туг. Ацы бон, 2008 азы 10 августы, нырма уыд амæттæгтæ сабыр цæрджыты хсæн. Никæй уырныдта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы рдыгæй банымайыны фæстæ нæ лæппуты ногæй кæй бахъæудзæн райсын сæ къухтæм хæцæнгарз, фæлæ абон нæ хъайтартæ ногæй сты тохы быдыры – ногæй сæм фæсидт сæ фыдыбæстæ. Нæ хъæбатыр фæсивæд хайад исынц сæрмагонд операцийы Донбассы, цæмæй нæ республикæйы макуыуал уа хæст", - загъта паддзахады сæргълæууæг.
Цæгатирыстойнаг зарæггæнæг Джелиты Оксана банысан кодта йæ раныхасы, ахсджиаг кæй у балæууын Донбассы сæрмагонд операцийы хайадисæг фæсивæды фарсмæ.
Йæ коллегæимæ разы уыд хуссарирыстойнаг зарæггæнæг Икъаты Ибрагим дæр.
"Тохы быдыры сты не ‘мгæрттæ, хиуæттæ. Уыдон иууылдæр сты æцæг хъайтартæ. Алцæмæндæр ис кæрон æмæ мæ уырны, тагъд рæстæджы нæ зæххыл кæй уыдзæн сабырдзинад", - банысан кодта Икъаты Ибрагим.
Фæмардуæвæг хæстонты ном ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.
Аналогион концерт ацæудзæн Цæгат ирыстоны дæр 12 августы Культурæйы галуан "Металлург"-ы 19.00 сахатыл. Фæрæзтæ, кæцытæ райсой билеттæ ауæй кæнынæй, арвитдзысты сæрмагонд операцийы хайадисæг æфсæддонтæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0