Уæрæсейы сбæрæг кодтой æхсæз фæрынчынуæвæджы "дельтакрон"-æй

© Sputnik / Павел Бедняков /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы сбæрæг кодтой æхсæз фæрынчынуæвæджы "дельтакрон"-æй
Уæрæсейы сбæрæг кодтой æхсæз фæрынчынуæвæджы дельтакрон-æй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Уæрæсейы сбæрæг кодтой æхсæз фæрынчынуæвæджы коронавирусы ног штамм – "дельтакрон"-æй, уыдонæй фондз уыдысты Санкт-Петербурджы æмæ иу та Мæскуыйы, хъусын кæны Роспотребнадзоры пресс-службæ.
"VGARus-ы базæмæ 10.08.22 бахастæуыд æхсæз геномон фæткы, кæцытæ нымад цæуынц COVID-19 вариантыл. Сиквенстæ хауынц июль æмæ августы райдайæнмæ. Иртæстытæн фондз хуызæджы систой Санкт-Петербурджы, иу та – Мæскуыйы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, "дельтакрон"-имæ пациенттæ Уæрæсейы низ рахастой рог формæйы, госпитализаци никæй бахъуыд.
Уагдоны бахахх кодтой, зæгъгæ, ныртæккæ нæй бындур хъуыды кæнын, гибридон вариант уæззаудæр уавæрмæ кæй æркæны.
Ног хабӕртты лентӕ
0