https://sputnik-ossetia.com/20220812/atsyd-aivady-khaytar-tskhinvaly-ya-tsarday-akhitsan-muzykant-pukhaty-nodar-18244451.html
Ацыд аивады хъайтар: Цхинвалы йӕ цардӕй ахицӕн музыкант Пухаты Нодар
Ацыд аивады хъайтар: Цхинвалы йӕ цардӕй ахицӕн музыкант Пухаты Нодар
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕззау рынчыны фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕн ансамбль "Бонвӕрнон"-ы музыкант, студи "Арвырон"-ы хистӕр... 12.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-12T17:20+0300
2022-08-12T17:20+0300
2022-08-12T17:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/0c/18244185_0:0:1430:804_1920x0_80_0_0_a26705ed5f51e364863a1c4e755af2f4.jpg
ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕззау рынчыны фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕн ансамбль "Бонвӕрнон"-ы музыкант, студи "Арвырон"-ы хистӕр, Хуссар Ирыстоны аивӕдты сгуыхт архайӕг Пухаты Нодар. Адӕмон артист, ансамбль "Бонвӕрнон"-ы солист Харебаты Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Пухаты Нодары тохы быдыр уыд аивад ӕмӕ дзы йӕхи хъӕбатырӕй равдыста.Дыууӕ музыканты хъысмӕт базонгӕ кодта, ӕвзонг Нодар куы бацыд "Бонвӕрнон"-ы скондмӕ, уӕд."Уый уыд ансамблы ӕрыгон фӕлтӕрӕй, нӕ кӕстӕр ӕфсымӕры хуызӕн уыд. Ӕрбацыд, ног ӕвзонг адӕм куы истам ансамблы скондмӕ, уӕд. Йӕ фӕстӕ ноджы фӕзындысты Тыбылты Темо ӕмӕ Мулдарты Вадим", - бафтыдта уый.Харебаты Вадим рахицӕн кодта Пухаты Нодарӕн йӕ иузӕрдион лӕггӕдтӕ ирон культурӕйӕн дӕр."Ӕнӕ Пухаты Нодар ӕмӕ Тыбылты Темойӕ 90-ӕм ӕзтӕй фӕстӕмӕ Цхинвалы иу ахсджиаг культурон мадзал дӕр нӕ цыд. Хур ӕмӕ къӕвдамӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ сӕ техникон ӕххуысӕй цыдысты концерттӕ Цхинвалы", - бахахх кодта уый.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/0c/18244185_160:0:1232:804_1920x0_80_0_0_55040c43d26dfb6c664002734c0830d2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Ацыд аивады хъайтар: Цхинвалы йӕ цардӕй ахицӕн музыкант Пухаты Нодар
ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕззау рынчыны фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕн ансамбль "Бонвӕрнон"-ы музыкант, студи "Арвырон"-ы хистӕр, Хуссар Ирыстоны аивӕдты сгуыхт архайӕг Пухаты Нодар. Адӕмон артист, ансамбль "Бонвӕрнон"-ы солист Харебаты Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Пухаты Нодары тохы быдыр уыд аивад ӕмӕ дзы йӕхи хъӕбатырӕй равдыста.
"Уый ирон аивады быдыры ӕцӕг хъӕбатырдзинад равдыста. Схъомыл кодта бирӕ фӕлтӕртӕ ирон аивадӕн. Ныфс мӕ ис, йӕ хъуыддаг дарддӕр кӕй цӕрдзӕн", - загъта Харебаты Вадим.
Дыууӕ музыканты хъысмӕт базонгӕ кодта, ӕвзонг Нодар куы бацыд "Бонвӕрнон"-ы скондмӕ, уӕд.
"Уый уыд ансамблы ӕрыгон фӕлтӕрӕй, нӕ кӕстӕр ӕфсымӕры хуызӕн уыд. Ӕрбацыд, ног ӕвзонг адӕм куы истам ансамблы скондмӕ, уӕд. Йӕ фӕстӕ ноджы фӕзындысты Тыбылты Темо ӕмӕ Мулдарты Вадим", - бафтыдта уый.
Харебаты Вадим рахицӕн кодта Пухаты Нодарӕн йӕ иузӕрдион лӕггӕдтӕ ирон культурӕйӕн дӕр.
"Ӕнӕ Пухаты Нодар ӕмӕ Тыбылты Темойӕ 90-ӕм ӕзтӕй фӕстӕмӕ Цхинвалы иу ахсджиаг культурон мадзал дӕр нӕ цыд. Хур ӕмӕ къӕвдамӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ сӕ техникон ӕххуысӕй цыдысты концерттӕ Цхинвалы", - бахахх кодта уый.