Хуссар Иры президент ссæрибар кодта сæ бынæттæй хъахъхъæнынады министр æмæ йæ хæдивæджы

© Sputnik / Наталья АйриянПухаты Владимир
Пухаты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ссæрибар кодта йæ бынатæй республикæйы хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимиры æмæ йæ хæхивæг Æлборты Игоры, хъусын кæны майрæмбоны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй президент ахæм скъуыддзаг райста Хъахъхъæнынады министрады кусджытæ республикæйы æмбæстаджы республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) территорийыл кæй фæнадтой, уый тыххæй.
Раздæр хъусын кодтой, 4 августы РБМЦ территорийыл Хъахъхъæнынады министрады кусджытæ маскæты кæй фæнадтой Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы, кæцыйы уый фæстæ аластой сæ службæйон автотранспортыл.
Пухаты Владимир слæууыд Хъахъхъæнынады министрады сæргъ ацы аз апрелы, хицауады отставкæйы фæстæ майы – æххæст кодта хъахъхъæнынадон уагдоны разамонæджы хæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0