https://sputnik-ossetia.com/20220813/zkhkuystim-bast-uyrnyndt-khkhkhon-irttm-tutyrt-18211307.html
Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм: Тутыртæ
Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм: Тутыртæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ æмæ æгъдæуттæ зындгонд сты незамантæй фæстæмæ. Уыдон фæзындысты зæхкуыстимæ иумæ æмæ семæ равзæрд аграрон къæлиндар дæр. Бæрæгбонтæ... 13.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-13T10:33+0300
2022-08-13T10:33+0300
2022-08-13T10:33+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
дин
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/0b/18211154_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_cb9e76d4f391d1a719e8423c3d1f63ca.png
Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм: Тутыртæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм: Тутыртæ
Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ æмæ æгъдæуттæ зындгонд сты незамантæй фæстæмæ. Уыдон фæзындысты зæхкуыстимæ иумæ æмæ семæ равзæрд аграрон къæлиндар дæр. Бæрæгбонтæ æмæ æгъдæуттæ сты историон æмæ рæстæгимæ фидар æмбаст фæзынд.Уалдзæг у иууыл фылдæр бæрæгбонты рæстæг, уымæн æмæ уалдзæджы райдайынц, куыд хуым кæнын æмæ тауыны, афтæ ма сæйраг кондадон процедурæтæ дæр, кæцытыл баст у фидæны хъæздыг тыллæджы хъысмæт. Уымæ гæсгæ бæрæгбонтæн сæ фылдæр бындуриуæг кодтой магион архайдтытыл, æвдыстой хохæгты тырнындзинад, куыд гæнæн ис уымæ гæсгæ хуыздæр сифтонг кæнын хорæрзады хъуыддаг.Стыр мархойы фыццаг бонмæ-иу æрхауд иууыл уаздæр бæрæгбонтæй иу – Тутыртæ. Бæрæгбон-иу аххæссыд иу къуыри, фæлæ иууыл нысаниуæгджын æмæ ритуалон æгъдауæй бирæвæрсыгдæр уыдысты фыццаг æртæ боны. Ацы æртæ бонимæ баст сты спецификон æгъдæуттæ.Хъуылымбегты Роберты уац "Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм"-мæ гæсгæ.Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/0b/18211154_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_ea6c5df37bd739ecbfaf274455fdae50.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, дин, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, дин, аудио
Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм: Тутыртæ
Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ æмæ æгъдæуттæ зындгонд сты незамантæй фæстæмæ. Уыдон фæзындысты зæхкуыстимæ иумæ æмæ семæ равзæрд аграрон къæлиндар дæр. Бæрæгбонтæ æмæ æгъдæуттæ сты историон æмæ рæстæгимæ фидар æмбаст фæзынд.
Уалдзæг у иууыл фылдæр бæрæгбонты рæстæг, уымæн æмæ уалдзæджы райдайынц, куыд хуым кæнын æмæ тауыны, афтæ ма сæйраг кондадон процедурæтæ дæр, кæцытыл баст у фидæны хъæздыг тыллæджы хъысмæт. Уымæ гæсгæ бæрæгбонтæн сæ фылдæр бындуриуæг кодтой магион архайдтытыл, æвдыстой хохæгты тырнындзинад, куыд гæнæн ис уымæ гæсгæ хуыздæр сифтонг кæнын хорæрзады хъуыддаг.
Стыр мархойы фыццаг бонмæ-иу æрхауд иууыл уаздæр бæрæгбонтæй иу – Тутыртæ. Бæрæгбон-иу аххæссыд иу къуыри, фæлæ иууыл нысаниуæгджын æмæ ритуалон æгъдауæй бирæвæрсыгдæр уыдысты фыццаг æртæ боны. Ацы æртæ бонимæ баст сты спецификон æгъдæуттæ.
Хъуылымбегты Роберты уац "Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.