Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм: "Хор-хор"

Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм: «Хор-хор»
Рафыссын
Бæрæгбонты уалдзыгон рæстæг зæхкусæджы цæрæццаг архайды адарддæр кæны аграрон бæрæгбонтæй сæ иуыл стырдæр: Хор-хор. Ацы бæрæгбон ма хуыдтой "Хоры Уациллайы бон", "Рæмон бон".
Хор-хоры бæрæгбонæн уыд бæрæг рæстæг – Стыр мархойы дыккаг къуыри æмæ йæ никуы ивтой. Дзуарыбон нысан кодтой æнæхъæн хъæудбæстæ иумæ, кæнæ та алы хæдзар дæр хицæнæй. Дзуарыбон банысан кæныны бынат уыд хъæуы иумæйаг фæзуаты кæнæ та дзуарыбоны радон фысымы хæдзары.
Дзуарыбон-иу райдыдта дыккаг азмæ фысым агурынæй; æвзарыны хайад истой хæдзæртты хистæртæ алчидæр. Уый фæстæ-иу уыцы æмæ иннæ азы уагдартæ сифтыгътой галты дзывыры æмæ-иу ацыдысты æввахсдæр хуымзæххы фадыгмæ. Ам-иу акодтой æртæ ритуалон гутонвæды, стæй-иу дзы бакалдтой тауинаг æмæ сæ-иу къæхтæй ныннадтой. Гутовæд акæнæг хуымгæнæг уыд дзуарыбоны дыккаг азы уагдар. Уыцы куыст бакæныны фæстæ-иу хъæумæ æрыздæхтысты æмæ-иу дзуарыбон райдайыны тыххæй фехъусын кодтой.
Хъуылымбегты Роберты уац "Зæхкуыстимæ баст уырнынæдтæ хæххон ирæттæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0