Ереваны срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц схызт æхсæз адæймаджы онг

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæЕреваны срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц схызт æхсæз адæймаджы онг
Ереваны срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц схызт æхсæз адæймаджы онг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Ереваны базарадон центр "Сурмалу"-йы срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц схызт æхсæз адæймаджы онг, хъусын кæны Sputnik Сомих бæстæйы УУМ æнцойгæнгæйæ.
"Ацы тæккæ ирвæзынгæнджытæ пырх бæстыхайæ систой æхсæзæм фæмардуæвæджы мæрдон буар" – загъта уагдоны пресс-секретарь Айк Костанян.
Нысангонд æрцыд, фæмардуæвæджы гоймагдзинад нырма бæрæг кæй нæу.
Ноджы ма 16 адæймаджы хъысмæт æбæрæг у. Ныртæккæ дарддæр уагъд цæуынц ирвæзынгæнæн-агурæн куыстытæ.
14 августы бонæй Ереваны базарадон центр "Сурмалу"-йы æрцыд срæмыгъд, уый фæстæ та зынгсирвæзт. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цауы фæстиуæгæн бахъыгдард сты 60 адæймагæй фылдæр.
Цауы официалон аххосаг нырма бæрæг нæу. Цæйстæйфенджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, срæмыгъд æрцыд пиротехникон æрмæджыты дуканийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0