Хуссар Иры паддзахадон театр бавнӕлдта куыстмӕ отпускы фӕстӕ

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр
Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ отпускы фӕстӕ бавнӕлдта куыстмӕ, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службӕйы.
Сӕрдыгон улӕфт сфӕлдыстадон коллектив балхынцъ кодта 4 августы.

"Театры труппӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерланы сӕргълӕудӕй ӕвӕрынц Саулохты Мухтары уацмыс "Усгур Гаци"- мӕ гӕсгӕ спектакль. Равдыстыл архайынц 1994 азы Шепкины номыл ирон курсы ахуыргӕнӕндоны рауагъдонтӕ. Сӕйраг хъайтары бынаты ис Хуыгаты Дзамболат, стӕй ма архайынц Бибылты Сослан, Пӕррӕстаты Дмитрий, Дыгъуызты Жаннӕ, Джиоты Бэла ӕмӕ ӕндӕртӕ",- загътой уагдоны.

Равдыст нысан у 15 сентябрьмӕ, уымӕй паддзахадон драмон театр кӕндзӕн ног сезон.
Ӕмрӕстӕджы ма коллектив ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕрӕсейӕг режиссёр Михаил Чумаченкойы ӕрцыдмӕ.
"Хуынд специалист Цхинвалы театры турппӕимӕ бацӕттӕ кӕндзысты уӕрӕсейӕг фыссӕг Антон Чеховы зындгонд уацмыс "Чайка"-мӕ гӕсгӕ спектакль", - загътой уым.
Уӕрӕсейаг режиссерӕн уымӕй размӕ та ПДТ труппӕимӕ куыста йӕ фырт, уый сӕвӕрдта спектакль "Самоубийцы".
Ног хабӕртты лентӕ
0