Милици басгæрста Знауыры районы цæрджыты хæцæнгарз æмæ нæмгуытæ æвæрыны уавæртæ

© Пресс-служба МВД РЮОМилици басгæрста Знауыры районы цæрджыты хæцæнгарз æмæ нæмгуытæ æвæрыны уавæртæ
Милици басгæрста Знауыры районы цæрджыты хæцæнгарз æмæ нæмгуытæ æвæрыны уавæртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Знауыры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ ауагътой мадзæлттæ, цæмæй басгарой районы цæрджыты регистрацигонд хæцæнгарз æмæ нæмгуытæ æвæрыны уавæртæ.
Республикæйы МХМ куыд хъусын кæны, афтæмæй басгæрсты рæстæджы фехæлдтæ не сбæрæг кодтой.
Мадзæлтты рæстæджы фадыгонтæ сæ хъус дардтой хæцæнгарз æвæрыны сейфтæм. Фадыгон инспектор Табуты Ирбеджы ныхæстæм гæсгæ, сæйраг хъусдард здæхт уыд хæцæнгарз æвæрыны æдасдзинадмæ.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, хæцæнгарз æвæрыны уавæртæ басгарыны фæдыл мадзæлттæ милицийы кусджытæ уадзынц иудадзыг. Барадхъахъхъæнджжытæ ахæм профилактикон мадзæлттæ уадзынц, цæмæй хæцæнгарз мачи адава, афтæ ма уæлвæткон цаутæ ма руадзынæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0