https://sputnik-ossetia.com/20220816/khussar-iry-fud-kny-syrag-ravdyston-zaly-tsaltsg-18301291.html
Хуссар Иры фæуд кæны сæйраг равдыстон залы цалцæг
Хуссар Иры фæуд кæны сæйраг равдыстон залы цалцæг
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны дарддæр цæуы Цхинвалы центры аивадон галерейы капиталон цалцæг. 16.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-16T17:34+0300
2022-08-16T17:34+0300
2022-08-17T11:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/10/18291929_0:221:2856:1828_1920x0_80_0_0_3d40ecd76ce4f70cc7f33404d8d831a0.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны дарддæр цæуы Цхинвалы центры аивадон галерейы капиталон цалцæг.Равдыстон залы директор Бекъойты Алан куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй куыстыты фылдæр хай ныридæгæн бакодтой, хъæуы ма фæуын мидæггагон куыстытæ æмæ фасад.Уый банысан кодта, залы кæй сæвæрдзысты конструкцитæ, кæцытыл ауыгъд уыдзысты нывтæ, афтæ ма тумбæтæ скульптурæтæн.Бекъойты Алан бафтыдта, зæгъгæ, куыстытæ иууылдæр æххæст кæнынц бынæттон нывгæнджытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдоны фæнды бавæрын зæронд фасад, цæмæй галерей хорз фидауа Национ музейы бæстыхайимæ.Нывты галерей бахъыгдард 2008 азы хæсты рæстæджы, уæдæй фæстæмæ равдысттæ саразынц столицæйы алыхуызон бæстыхæйтты фойеты.Бекъойты Алан банысан кодта, галерей кæй нывæндынц раттын эксплуатацимæ Республикæйы бонмæ, 20 сентябры.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/10/18291929_63:0:2794:2048_1920x0_80_0_0_604abd79f289f3b7bcdcf217cf249c85.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Хуссар Иры фæуд кæны сæйраг равдыстон залы цалцæг
17:34 16.08.2022 (Ранӕуӕггонд: 11:21 17.08.2022) ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны дарддæр цæуы Цхинвалы центры аивадон галерейы капиталон цалцæг.
Равдыстон залы директор Бекъойты Алан куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй куыстыты фылдæр хай ныридæгæн бакодтой, хъæуы ма фæуын мидæггагон куыстытæ æмæ фасад.
"Мах бавнæлдтам цалцæгмæ пандемийы размæ, æмæ ныр стæм кæронбæттæн этапыл. Ацы рæстæгмæ раивтам уæлхæдзар, бакодтам штукатурон куыстытæ, сæвæрдтам "хъарм пол". Дарддæр хъæуы бакусын фасадыл, фæлæ нæхи тыхтæй нæ аххæсдзыстæм ацы куыстыл", - банысан кодта Бекъойты Алан.
Уый банысан кодта, залы кæй сæвæрдзысты конструкцитæ, кæцытыл ауыгъд уыдзысты нывтæ, афтæ ма тумбæтæ скульптурæтæн.
Бекъойты Алан бафтыдта, зæгъгæ, куыстытæ иууылдæр æххæст кæнынц бынæттон нывгæнджытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдоны фæнды бавæрын зæронд фасад, цæмæй галерей хорз фидауа Национ музейы бæстыхайимæ.
"Галерейы фасады реставрацийæн хъæуы цалдæр сæдæ мин сомы, уыййас фæрæзтæ та нывгæнджытæм нæй", - загъта уый.
Нывты галерей бахъыгдард 2008 азы хæсты рæстæджы, уæдæй фæстæмæ равдысттæ саразынц столицæйы алыхуызон бæстыхæйтты фойеты.
Бекъойты Алан банысан кодта, галерей кæй нывæндынц раттын эксплуатацимæ Республикæйы бонмæ, 20 сентябры.