https://sputnik-ossetia.com/20220816/khussar-iry-nnizdzinad-khakhkhnynady-ministrady-radzyrdtoy-koronavirusim-uavry-tykhkhy-18296800.html
Хуссар Иры Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады радзырдтой коронавирусимæ уавæры тыххæй
Хуссар Иры Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады радзырдтой коронавирусимæ уавæры тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Коронавирусимæ уавæр Хуссар Ирыстоны у стабилон, фæрынчынуæвджытæ бирæ не сты, чи дзы ис рынчын, уыдонæн та низ цæуы... 16.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-16T16:18+0300
2022-08-16T16:18+0300
2022-08-16T16:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0a/1b/14556227_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_387d05020fc5962e88816fd80b2fe225.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Коронавирусимæ уавæр Хуссар Ирыстоны у стабилон, фæрынчынуæвджытæ бирæ не сты, чи дзы ис рынчын, уыдонæн та низ цæуы рог кæнæ астæуккаг формæйы. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Алла.Министры хæстæ æххæстгæнæг банысан кодта, пациенттæ рынчын кæй сты омикрон-штаммæй."Фæнды мæ æрсидын æмбæстæгтæм, цæмæй КРВИ-йы миниуджыты рæстæджы ма цæуой поликлиникæмæ, фæлæ фæдзурой фадыгон службæмæ кæнæ тагъд æххуысмæ", - банысан кодта Цоциты Алла.Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ тыхы баззадысты домæнтæ æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнынмæ: фæкъаддæр кæнын контакттæ адæмимæ, сæ нымæцы карджын адæм æмæ иугæндзойнон рынчынтæ.Афтæ ма Цоциты Алла комментарий скодта уæрæсейаг экспретты хъуыдыйæн, кæцытæ нымайынц, фæззæджы кæй рацæудзæн коронавирусы ног уылæн.Уый бафтыдта, зæгъгæ, гæнæн ис бирæ адæм нымайынц коронавирус КРВИ-йыл, уый фæдыл хъæуы бадзурын медицинон уагдæттæм æххуысмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0a/1b/14556227_172:0:2901:2047_1920x0_80_0_0_609e1d08420c29d6dc30d2655e2a37ae.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады радзырдтой коронавирусимæ уавæры тыххæй
ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Коронавирусимæ уавæр Хуссар Ирыстоны у стабилон, фæрынчынуæвджытæ бирæ не сты, чи дзы ис рынчын, уыдонæн та низ цæуы рог кæнæ астæуккаг формæйы. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Алла.
"Фæстаг къуырийы дæргъы сбæлвырд кодтам 12 фæрынчынуæвæджы. Цыппар рынчыны бахъуыд госпитализаци. Алкæмæндæр низ цæуы рог кæнæ астæуккаг формæйы", - радзырдта уый.
Министры хæстæ æххæстгæнæг банысан кодта, пациенттæ рынчын кæй сты омикрон-штаммæй.
"Фæнды мæ æрсидын æмбæстæгтæм, цæмæй КРВИ-йы миниуджыты рæстæджы ма цæуой поликлиникæмæ, фæлæ фæдзурой фадыгон службæмæ кæнæ тагъд æххуысмæ", - банысан кодта Цоциты Алла.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ тыхы баззадысты домæнтæ æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнынмæ: фæкъаддæр кæнын контакттæ адæмимæ, сæ нымæцы карджын адæм æмæ иугæндзойнон рынчынтæ.
Афтæ ма Цоциты Алла комментарий скодта уæрæсейаг экспретты хъуыдыйæн, кæцытæ нымайынц, фæззæджы кæй рацæудзæн коронавирусы ног уылæн.
"Рынчындон цæттæ у коронавирусы инфекцийы ног уылæнмæ", - баныфсæвæрдта Цоциты Алла.
Уый бафтыдта, зæгъгæ, гæнæн ис бирæ адæм нымайынц коронавирус КРВИ-йыл, уый фæдыл хъæуы бадзурын медицинон уагдæттæм æххуысмæ.