Милици æмæ УУМ ауагътой рейдтæ Хуссар Иры районтæй иуы улæфæн бынæтты

© МВД Республики Южная ОсетияМилици æмæ УУМ ауагътой рейдтæ Хуссар Иры районтæй иуы улæфæн бынæтты
Милици æмæ УУМ ауагътой рейдтæ Хуссар Иры районтæй иуы улæфæн бынæтты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы милицийы кусджытæ УУМ минæвæрттимæ иумæ ауагътой профилактикон рейдон мадзæлттæ улæфæн бынæтты, хъусын кæны дыццæджы республикæйы МХМ пресс-службæ.
Барадхъахъхъæнджытæ басгæрстой хъæды зонæтæ æмæ Знауыры районы донбылгæрæттæ æмæ æрныхас кодтой улæфджытимæ æдасдзинады мадзæлттыл. Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспектор Гатыгкоты Натия куыд бахахх кодта, афтæмæй сæйраг хъусдард здæхт цæуы сабитæ æмæ сæ ныййарджытæм.
"Хъыгагæн, мах бирæ хатт уыдыстæм æвдисæн, æнæрхъуыды митæ кæй æркодтой трагедимæ. Ныййарджытимæ ныхасы мах домæм уыдонæй, цæмæй сывæллæттæ æнæ хъусдардæй ма хизой донмæ. Уымæй дарддæр мах курæм улæфджытæй ма чъизи кæнын æрдз", - хъусын кæны Гатыгкоты Натияйы ныхæстæ МХМ пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй УУМ æмæ милицийы иумæйаг рейдон мадзæлттæ уагъд цæуынц æрвылаз найæн сезоны рæстæджы. Фехæлдтæ сбæлвырд кæныны рæстæджы барадхъахъхъæнджытæ æрбаздахынц фæткхалджыты административон бæрндзинадмæ. Ахæм рейдтæ адарддæр уыдзысты найæн сезоны кæронмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0