Цæгатирыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ æрурæдтой наркотуристы Кæсæг-Балхъарæй

© ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæЦæгатирыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ æрурæдтой наркотуристы Кæсæг-Балхъарæй
Цæгатирыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ æрурæдтой наркотуристы Кæсæг-Балхъарæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik. Цæгат Ирыстоны МХМ кусджытæ æрурæдтой наркотуристы Кæсæг-Балхъарæй, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Наркотикон буарад "мефедрон"-ы уæйгæнæгмæ æнхъæлмæ кæсы 20 азы ахæст.
Цæгат Ирыстоны МХМ пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй æвзонг нæлгоймаг уыд Маркусы уынгыл æмæ зынгæ тыхстис, уый фæдыл æм сæ хъус æрдардтой барадхъахъхъæнджытæ.
Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы нæлгоймагмæ ссардтой пакет урс порошокимæ, кæцы экспертизæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, разынд наркотикон буарад "мефедрон", кæцы фаг кодта 70 иухаттон дозæйæн.
Ныртæккæ уголовон хъуыддаг барвыстæуыд тæрхондонмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0