Цхинвалы администраци сараздзæн Сталины уынджы проблемон кæртытæ

© Sputnik / Зарина КочиеваЦхинвалы администраци сараздзæн Сталины уынджы проблемон кæртытæ
Цхинвалы администраци сараздзæн Сталины уынджы проблемон кæртытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы Сталины уынджы 96-æм хæдзары цæрджытæ сидынц горæты къухдариуæгадмæ, цæмæй фæуой сæ кæртыты хæрзарæзтад, хъусын кæны ПТРК "Ир".
Кæрты цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой цыппар азы размæ, уæд раивтой инженерон хызæгтæ, æмæ ууыл хæрзарæзтад фæцис.
Цхинвалы активонæй цæуынц кæртыты хæрзарæзтадон куыстытæ. Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Харебаты Исахъы æмæ Нæузæххонты уынгтыл. Ам ног кæнынц зæххыбын коммуникацитæ, æвæрынц бордюртæ æмæ тагъд райдайдзысты асфальт æвæрын.
"Мах ацы азты дæргъы цæуæм бирæ организацитæм, уыдыстæм президент æмæ мэрмæ. Иутæ дзурынц, кæй сараздзысты алцыдæр, иттæ хъаст кæнынц, æхцайы фæрæзтæ сæм кæй нæй. Хорз боныгъæды рæстæджы нæм вæййы тынг рыг, къæвдайы рæстæджы та кæрт байдзаг вæййы донæй", - дзуры хæдзары цæрæг сылгоймаг Кокойты Валентина.
Цхинвалы администрацийы цалцæггæнæн-арæзтадон дæлхайады фидарæй загътой журналисттæн, Харебаты Исахъы æмæ Нæузæххонты уынгтыл куыстытæ куы балхынцъ кæной, уæд сентябры дыккаг æмбис коммуналон службæтæ бавналдзысты Сталины 96-æм æмæ 98-æм хæдзæртты кæртыты хæрзарæзтадмæ.
Цхинвалы дыууæ уынгыл хæрзарæзт цæуынц хæдзæртты кæртытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2022
Цхинвалы дыууæ уынгыл хæрзарæзт цæуынц хæдзæртты кæртытæ
Ног хабӕртты лентӕ
0