Уæрæсейаг æфсæдтæ скуынæг кодтой 1747 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты æмæ 9 æфтауцы

© Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмææнæпилотон тæхæг аппарат
æнæпилотон тæхæг аппарат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы скуынæг кодтой 1747 æнæпилотон тæхæг аппараты, хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрад.
"Æдæппæт сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй скуынæг кодтой: 267 хæдтæхæджы, 148 вертолеты, 1747 æнæпилотон тæхæг аппараты, 365 зенитон-ракетон комплексы", - дзырдæуы документы.
Нысангонд æрцыд, кæй ма скуынæг кодтой 4334 танчы æмæ æндæр хæстон хæдтулгæйы, залпон æхсты реактивон системæты 799 хæстон хæдтулгæйы, быдырон артиллери æмæ минометты 3310 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4922 иуӕджы.
Уымæй дарддæр Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ скуынæг кодтой ракетон-артиллерион хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджыты фараст æфтауцы Донецкы Адæмон Республикæйы, Харьковы, Запорожаг æмæ Николаевы областты, афтæ ма æртаджы æртæ æфтауцы Харьковы областы.
Ног хабӕртты лентӕ
0