https://sputnik-ossetia.com/20220818/khussar-ir-arvitdzan-radon-gumanitaron-akhkhuys-iron-khastontan-donbassma-18329430.html
Хуссар Ир арвитдзӕн радон гуманитарон ӕххуыс ирон хӕстонтӕн Донбассмӕ
Хуссар Ир арвитдзӕн радон гуманитарон ӕххуыс ирон хӕстонтӕн Донбассмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон радон хатт арвитдзӕн гуманитарон ӕххуыс Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы цы ирон хӕстонтӕ... 18.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-18T10:03+0300
2022-08-18T10:03+0300
2022-08-18T11:32+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/293/43/2934315_0:0:3101:1745_1920x0_80_0_0_a7bf8aff5ab542f96b466d0c5d25d308.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон радон хатт арвитдзӕн гуманитарон ӕххуыс Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы цы ирон хӕстонтӕ архайынц, уыдонӕн. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта парламенты депутат Санахъоты Дауыт.Ахӕм акцитӕ Хуссар Ирыстоны цӕуы ӕдзух, закъондӕг органӕй ахӕм хъӕппӕрис цӕуы дыккаг хатт.Уый банысан кодта, фӕрӕзтӕй самал кодтой фӕсивӕд сӕхӕдӕг цы домынц, уый."Лӕппутимӕ развӕлгъау баныхас кодтой ӕмӕ сӕ цы хъӕуы уый базыдтам. Хӕлцадон продукттӕй дарддӕр ма дзы ис рухсгӕнӕнтӕ, дарӕс ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕрмӕг", - бафтыдта уый.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй гумманитарон ӕххуыс ӕрвитынц ӕндӕр баиугӕндтӕ ӕмӕ къордтӕ дӕр.Гуманитарон ӕххуыс арвитдзысты ӕввахс рӕстӕджы, уаргъ чи фӕхӕццӕ кӕна, уыдон нымӕцы уыдзысты депутаттӕ дӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/293/43/2934315_319:0:3050:2048_1920x0_80_0_0_ddcc525140db6754f7d168d460735fbd.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
Хуссар Ир арвитдзӕн радон гуманитарон ӕххуыс ирон хӕстонтӕн Донбассмӕ
10:03 18.08.2022 (Ранӕуӕггонд: 11:32 18.08.2022) ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон радон хатт арвитдзӕн гуманитарон ӕххуыс Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы цы ирон хӕстонтӕ архайынц, уыдонӕн. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта парламенты депутат Санахъоты Дауыт.
Ахӕм акцитӕ Хуссар Ирыстоны цӕуы ӕдзух, закъондӕг органӕй ахӕм хъӕппӕрис цӕуы дыккаг хатт.
"Парламенты депутаттӕ, аппараты кусджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн сӕ хиуӕттӕ ӕрӕмбырд кодтой фӕрӕзтӕ. Гуманитарон нысанӕн здӕхт цӕуынц паддзахадон ансамбль "Симд"-ы концертты цы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд ис, уыдон дӕр", - загъта уый.
Уый банысан кодта, фӕрӕзтӕй самал кодтой фӕсивӕд сӕхӕдӕг цы домынц, уый.
"Лӕппутимӕ развӕлгъау баныхас кодтой ӕмӕ сӕ цы хъӕуы уый базыдтам. Хӕлцадон продукттӕй дарддӕр ма дзы ис рухсгӕнӕнтӕ, дарӕс ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕрмӕг", - бафтыдта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй гумманитарон ӕххуыс ӕрвитынц ӕндӕр баиугӕндтӕ ӕмӕ къордтӕ дӕр.
Гуманитарон ӕххуыс арвитдзысты ӕввахс рӕстӕджы, уаргъ чи фӕхӕццӕ кӕна, уыдон нымӕцы уыдзысты депутаттӕ дӕр.