Хуссар Иры хъæууон хæдзарады министрады банымадтой зиан, кæцы æрхаста хуыты емынæ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæХуыты африкæйаг емынæ
Хуыты африкæйаг емынæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы хуыты африкæйаг емынæйæ 2022 азы амардысты 300 хуыйы бæрц. Хъæууон хæдзарады министрады ветеринарийы дæлхайады хистæр Тедеты Ацæмæз куыд фехъусын кодта Sputnik, афтæмæй хуытæ мæлынц, уымæн æмæ æмбæстæгтæ нæ æххæст кæнынц министрады барфысттæ, цæмæй низ ма апарахат уа.
"Хуыты рæстæгыл нæ аргæвдынц. Хъæуты бирæ цæрджытæ хъуыды кæнынц, хуытæ нырма гæнæн ис кæй сæнæниз уой, аннæтæ тта æгхъæлмæ кæсывнц, цалынмæ сæхæдæг амæлой. Кæд æмæ иу хуы дæр аирвæза, уæддæр хæсдзæн инфекци æмæ алкæйдæр фæрынчын кæндзæн", - банысан кодта Тедеты Ацæмæз.
Уый банысан кодта, министрад кæй æххæст кæны емынæ аиуварс кæныны фæдыл мадзæлтты нывæзт: дезинфекци æмæ карантинон мадзæлттæ, сæ нымæцы сæвæрдтой дезгæрæнтæ Синагур, Карзман æмæ Теделеты хъæуы.
Цæрæн пункттæй, цы ран ис карантин, нæй гæнæн ласын хъæууонхæдзарадон продукци, бафтыдта Тедеты Ацæмæз.
Ацы азы райдайæны хуыты африкæйаг емынæ сбæлвырд кодтой Знауыры районы Хъорнис æмæ Фарны хъæуты.
Ног хабӕртты лентӕ
0