https://sputnik-ossetia.com/20220818/khussar-iry-premer-rdzyrdta-leningory-rayony-problemtyl-kusgon-baltsy-rstdzhy-18334413.html
Хуссар Иры премьер æрдзырдта Ленингоры районы проблемæтыл кусæгон балцы рæстæджы
Хуссар Иры премьер æрдзырдта Ленингоры районы проблемæтыл кусæгон балцы рæстæджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин уыд кусæгон балцы Ленингоры районы, цы ран æрдзырдтой регионы проблемæтыл... 18.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-18T14:18+0300
2022-08-18T14:18+0300
2022-08-19T10:48+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/12/18329657_0:3:1920:1083_1920x0_80_0_0_d98229efadec1d1eea708eed6ca021d4.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин уыд кусæгон балцы Ленингоры районы, цы ран æрдзырдтой регионы проблемæтыл, хъусын кæны министрты кабинеты пресс-службæ.Районон администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Иларион радзырдта премьерæн, цы зиан æрхастой тæрккъæвдатæ ацы аз майы-июны районы фæндагон æмæ инженерон инфраструктурæйæн, æмæ банысан кодта, сæ цалцæг кæй у бынæттон хицауады сæйрагдæр хæслæвæрдтæй иу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, районон ЦКХ тыхтæй сцалцæг кодтой фæндæгтæ, доны хæтæлтæ æмæ хидты хай, фæлæ ма дзы ис бирæ куыст, кæцы хъæуы балхынцъ кæнын цыбыр æмгъуыдмæ.Хицауады разамонæг бабæрæг кодта Цхинвал – Ленингор фæндаджы фадыг, цы ран фехæлд асфальт, хид Ксан цæугæдоны сæрты æмæ донбыл фидаргæнæн агъуыст.Джуссойты Константин бахахх кодта, зæгъгæ, фæндаг, кæцы иу кæны Цхинвал æмæ Ленингоры район, у ахсджиаг объект республикæйы фæндагон хæдзарады, кæцы хъуамæ кусы æрвылаз. Премьер райдта фæдзæхсттæ, цæмæй бацæттæ кæной æнхъарæнтæ фæндаг сцалцæг кæныны фæдыл æмæ сæ бавдисой хицауадмæ.Балцы рæстæджы банысангонд æрцыд, цæрджыты æдасдзинад æххæст кæнын – у бынæттон хицауады приоритетон хæслæвæрд. Уый фæдыл районы ЦКХ 2022 азы куыстыты нывæзтмæ хъæуы бахæссын Ксан цæугæдоны алыварс хъахъхъæнæн донбыл агъуыст сцалцæг кæныны фарст.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/12/18329657_237:0:1684:1085_1920x0_80_0_0_0905074a3baa0083249739a1e4c936b1.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры премьер æрдзырдта Ленингоры районы проблемæтыл кусæгон балцы рæстæджы
14:18 18.08.2022 (Ранӕуӕггонд: 10:48 19.08.2022) ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин уыд кусæгон балцы Ленингоры районы, цы ран æрдзырдтой регионы проблемæтыл, хъусын кæны министрты кабинеты пресс-службæ.
Районон администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Иларион радзырдта премьерæн, цы зиан æрхастой тæрккъæвдатæ ацы аз майы-июны районы фæндагон æмæ инженерон инфраструктурæйæн, æмæ банысан кодта, сæ цалцæг кæй у бынæттон хицауады сæйрагдæр хæслæвæрдтæй иу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, районон ЦКХ тыхтæй сцалцæг кодтой фæндæгтæ, доны хæтæлтæ æмæ хидты хай, фæлæ ма дзы ис бирæ куыст, кæцы хъæуы балхынцъ кæнын цыбыр æмгъуыдмæ.
Хицауады разамонæг бабæрæг кодта Цхинвал – Ленингор фæндаджы фадыг, цы ран фехæлд асфальт, хид Ксан цæугæдоны сæрты æмæ донбыл фидаргæнæн агъуыст.
Джуссойты Константин бахахх кодта, зæгъгæ, фæндаг, кæцы иу кæны Цхинвал æмæ Ленингоры район, у ахсджиаг объект республикæйы фæндагон хæдзарады, кæцы хъуамæ кусы æрвылаз. Премьер райдта фæдзæхсттæ, цæмæй бацæттæ кæной æнхъарæнтæ фæндаг сцалцæг кæныны фæдыл æмæ сæ бавдисой хицауадмæ.
Балцы рæстæджы банысангонд æрцыд, цæрджыты æдасдзинад æххæст кæнын – у бынæттон хицауады приоритетон хæслæвæрд. Уый фæдыл районы ЦКХ 2022 азы куыстыты нывæзтмæ хъæуы бахæссын Ксан цæугæдоны алыварс хъахъхъæнæн донбыл агъуыст сцалцæг кæныны фарст.