Хуссар Иры сабидæттæ æфснайынц æмæ дзы уадзынц дезинфекци

© Sputnik / Наталья АйриянСабидон
Сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæттæ цæттæ кæнынц ног ахуыры азы райдайæнмæ. Столицæйы администрацийы пресс-службæйы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй 29 августæй 2 сентябрьмæ сабидæтты æфснайдзысты кæртытæ æмæ уадздзысты дезинфекци.
"Горæты администрацийы ахуырады дæлхайады хистæр Биазырты Татьянайы ныхæстæм гæсгæ, сентябры райдайæнмæ ауадздзысты сабидæтты бæстыхæйтты æххæст дезинфекци. Ахуырадон фаджыджы дæр уагъд цæуы цæттæгæнæн куыст, уагдæттыл уæрст цæуы методикон литературæ", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Уый размæ столицæйы администрацийы хъусын кодтой, Цхинвалы ног ахуыры азмæ кæй сцалцæг кæндзысты цыппар скъолайы. Нысангонд æрцыд, зæгъгæ, фæрæзтæ, кæцытæ рахицæн кодтой ахуырадон уагдæттæ бацæттæ кæнынæн, фаг нæ уыдысты столицæйы алкæцы скъолайы цалцæгæн.
"Уый хынцгæйæ, столицæйы администрацийы ахуырады дæлхайад аскъуыддзаг кодта сцалцæг кæнын 2, 5, 9 æмæ 12 скъолаты бæстыхæйттæ", - банысан кодтой мэрияйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0