Хуссар Иры театр бацӕттӕ кӕндзӕн ногазон мюзикл

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон драмон театр
Паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценӕйыл сӕвӕрдзысты ногазон мюзикл "Ӕфсымӕртӕ", фехъусын кодта Sputnik ПДТ пресс-службӕйы.
Равдыст сцӕттӕ кӕндзысты ног азмӕ.
"Остъаты Аланы пьесӕ "Ӕфсымӕртӕ"-ӕм гӕсгӕ ног азмӕ театр бацӕттӕ кӕндзӕн мюзикл. Равдыстмӕ музыкӕ цӕттӕ кӕны композитор Плиты Мурӕт", - загътой уагдоны.
Уый фыссӕг Остъаты Аланӕн йӕ фыццаг уацмыс нӕ уыдзӕн Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценӕйыл.
Уымӕй размӕ театры иууыл гуырахстджындӕр премьерӕ - ирон адӕмы 1920 азы геноцидӕн нывонд спектакль дӕр арӕзт ӕрцыд Остъаты Аланы ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ.
Ныридӕгӕн сфӕлдыстадон коллектив йӕхи цӕттӕ кӕны сезоны бакӕнынмӕ, фыццаг уал бавдисдзысты "Усгур Гаци".
Ног хабӕртты лентӕ
0