Хуссар Иры 57 скъолайы басгардзысты зынгсирвæзтты æдасдзинады уавæр – УУМ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры скъола
Хуссар Иры скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдæтты ахуыры азы райдайæнмæ басгардзысты зынгсирвæзтты æдасдзинады уавæр, радзырдта журналисттæн республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) зынгсирвæзтты æдасдзинадмæ хъусдарды дæлхайады хистæры хæдивæг Куымæридтаты Андрей.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы басгæрст æдæппæт ацæудзæн 57 скъолайы.
"22 августæй 2 сентябрмæ басгардзысты ахуырадон уагдæттæ иууылдæр. Басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ, сараздзысты æмбæлон акттæ æмæ барфысттæ. Афтæ ма зынгсирвæзтты æдасдзинады фæдыл мадзæлттæ скъолатæ æмæ сабидæтты уагъд цæудзысты декабры", - банысан кодта УУМ минæвар.
Куымæридтаты Андрейы ныхæстæм гæсгæ, алкæцы скъолайы дæр проблемæ нырма дæр у автоматикон зынгсирвæзтон сигнализацийы уæвынад.
"Кæцыдæр ахуырадон уагдæтты сигнализаци нæй. Цхинвалы та уый ис алкæцы скъолайы дæр, фæлæ алы ран нæ кусы. Афтæ ма цалдæр ахуырадон уагдоны нæй зынгсирвæзт ахуыссын кæныны фыццаджы фæрæзтæ", - бахахх кодта уагдоны минæвар.
Куымæридтаты Андрей бафтыдта, зæгъггæ, хæлд зынгсирвæзтон сигнализаци саразынæн скъолатæн дæттынц иу азы æмгъуыд, арт хуыссынæн фыццаджы фæрæзтæ балхæнынæн та – æртæ мæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0