Пайда фæлтæрддзинад: æфсæддон медиктæ Хуссар Ирæй фыццаг хатт хайад исынц АрМИ-2022-йы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмææфсæддон медик
æфсæддон медик - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 авг – Sputnik. Æфсæддон медиктæ Хуссар Ирыстонæй фыццаг хатт хайад исынц Æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтыты, фехъусын кодта Sputnik хуссарирыстойнаг командæйы уæнг Тасойты Александра.
"Æфсæддон-медицинон эстафетæ" АрМИ-2022 фæлгæтты райдыдта æрæджы Уæрæсейы Ленинграды областы Кировы номыл Æфсæддон-медицинон академийы базæйыл. Ерысты хайад исынц командæтæ Хуссар Ирыстонæй, Абхазæй, Венесуэлайæ, Малийæ, Камерунæй, Камбоджайæ æмæ Киргизийæ.
"Нæ командæмæ равзæрстой иууыл цæттæдæр æфсæддонты. Хъыгагæн, ацы аз хайад исæм æнæ дохтырон скондæй. Фæлæ фидæны нывæндæм хайад райсын æххæст скондæй, цæмæй бæрзонддæр фæстиуджытæ равдисæм", - загъта Тасойты Александра.
Æфсæддон медик ма банысан кодта, зæгъгæ, конкуренцимæ æнæкæсгæйæ, ерысты ис хæларадон атмосферæ. Хайадисджытæ иууылдæр æххуыс кæнынц кæрæдзийæн, афтæ ма дзурынц кæрæдзийæн сæ бæстæты культурæ æмæ традициты тыххæй.
Ерыстæ уагъд цæудзысты дыууæ этапы: индивидуалон курдиæттæн саргъ кæнын æмæ командон фыццагад, цы ран нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгты командæтæ хицæнтæй хъуамæ ссарой фæцæфуæвджыты, фыццаг æххуыс сын бакæной æмæ сæ доны уылты ахизын кæной.
Тасойты Александра бафтыдта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг сылгоймæгты командæ ныридæгæн ралæууыд æмæ равдыста хорз фæстиуджытæ, æмæ ныр та æнхъæлмæ кæсы нæлгоймæгты ралæудмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0