Запорожаг АЭС-ы хъахъхъæнынад фæтыхджындæр кодтой Украинæйы ‘рдыгæй провокациты тыххæй

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæЭнергодар
Энергодар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Украинæйаг æфсад гæнæн ис ногæй фехса Запорожаг АЭС, уый фæдыл фæтыхджындæр кодтой объекты хъахъхъæнынадон системæ.
Уый размæ УФ Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар, инæлар-лейтенант Игорь Конашенков фехъусын кодта, Киев кæй цæттæ кæны резонансон провокаци Запорожаг АЭС-ы ИНО генералон секретарь Антониу Гутеррешы балцы рæстæджы Украинæмæ.

"АЭС хъахъхъæнынады системæ фæтыхджындæр кодтам, алы лыстæгдзинæдтæ мæ бон раргом кæнын нæу. Мах цæттæ стæм алцæмæдæр, уымæн æмæ Зеленскийы режим цыффæндыдæр гæнæн ис сараза", - хъусын кæны РИА Новости регионы администрацийы сæйраг советы уæнг Владимир Роговы ныхæстæ.

Украинæйаг æфсæддонтæ иудадзыг æхсынц Энергодар, хæстæг хъæутæ æмæ горæты цур Запорожаг АЭС территори. Æртыццæджы уыдон фехстой атомон станцы район æхсæз сармадзанæй, станц йæхæдæг нæ бахъыгдард.
Ног хабӕртты лентӕ
0