Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

1. Чысыл Габе

Рафыссын
Белот уыд Иры хуссары хъæутæн се стырдæр. Йæ зæхх уыд хъæздыг, фос дзы – бирæ, адæм – куыстуарзаг. Цардис дзы цалдæр мыггаджы æмæ уымæн уыд йæхи фарн – Белоты адæм уыдысты тынг адджын кæрæдзийæн.
Габейыл цыд аст азы æмæ уыцы бон хъæубæсты фос хызта. Хур йæ ныгуылæнмæ бацыд æмæ Габе бамбæрста, афон кæй у хæдзармæ цæуын. Къуылдымæй йæ цæст куы ахаста йæ хъæумæ дæлæмæ, уæд федта – йæ цæстыты раз судзы, арты мидæг сæфы. Зыны йæм хæдзæрттæ куыд судзынц, адæм куыд лидзынц, куыд сæ сурынц удхортæ фæстейæ æмæ сæ куыд марынц æнæвзаргæ – зæрондæй, сывæллонæй.
Чысыл Габейы йæ къæхтæ куыд хастой, афтæ фæмидæг ис сыхаг комбæсты хъæу Фугæджыны. Хъæуы ныхасы цы нæлгоймæгтæ бадти, уыдонæн æй бамбарын кодта, Белот кæй судзы.
Уæдмæ æртæ барæджы æрбахæццæ сты Фугæджынмæ æмæ фехъусын кодтой, Иры Националон Совет Тæкъоты Чермены разамындæй кæй рахаста уынаффæ, Ирыстон иумæйагæй йæ фидæн кæй уыны Советон Уæрæсеимæ.
Хъæуы адæмы цардæн тæссаг кæй у, уый тыххæй хъæуы хистæр Арон рахаста уынаффæ, цæмæй ацæттæ кæной сæхи цæуынмæ. Хуыздæр фæндаг хæхты ᾿хсæн та сын бацамыдта инженер Гаглойты Рутен.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0