Дарья Дугинайы амарын кодтой украинæйаг сæрмагонд службæтæ – ФÆС

© СК РФ /  Ахизын медиабанкмæДарья Дугинайы амарын кодтой украинæйаг сæрмагонд службæтæ
Дарья Дугинайы амарын кодтой украинæйаг сæрмагонд службæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik. Уæрæсейаг журналисткæ Дарья Дугинайы амарын кодтой украинæйаг сæрмагонд службæтæ, фехъусын кодтой къуырисæры Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы, фыссы РИА Новости.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй фыдракæнд сæххæст кодта Украинæйы æмбæстаг Наталья Вовк, кæцы æрцыд йæ чызгимæ Уæрæсемæ 23 июлы.
"Бæлвырдгонд æрцыд, фыдракæнд кæй бацæттæ кодтой æмæ сæххæст кодтой украинæйаг сæрмагонд службæтæ. Æххæстгæнæг у Украинæйы æмбæстаг Наталья Вовк, кæцы æрцыд йæ чызг Шабан Софияимæ Уæрæсемæ 23 июлы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Сабаты изæры Мæскуыйы цур Одинцовойы районы Можайскы шоссейы цæугæ-цæуын басыгъд хæдтулгæ, кæцыйыл скъæрдта журналист æмæ политолог Дарья Дугина, уый фæмард бынаты. Развæлгъау информацимæ гæсгæ, хæдтулгæйы æвæрд уыд рæмудзæн æрмæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0