Путин: Уӕрӕсе уадздзӕн ӕрмӕстдӕр ахӕм политикӕ, кӕцы дзуапп дӕтты йӕ бындурон интерестӕн

Рафыссын
Уӕрӕсейӕгтӕ къуырисӕры нысан кӕнынц бӕстӕйы Паддзахадон тырысайы бон, ацы цауы фӕдыл сын раарфӕ кодта президент Владимир Путин
ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik. Уӕрӕсе бахъахъхъӕндзӕн иузӕрдиондзинад традицион хӕзнатыл ӕмӕ куыд хъомысджын ӕмӕ хӕдхъом бӕстӕ афтӕ уадздзӕн дунейон аренӕйыл ӕрмӕстдӕр ахӕм политикӕ, кӕцы дзуапп дӕтты йӕ бындурон интерестӕн, фехъусын кодта президент Владимир Путин УФ Паддзахадон тырысайы боны цытӕн йӕ арфӕйы.
"Уӕрӕсе у хъомысджын, хӕдхъом дунейон паддзахад. Мах фидарӕй хӕст стӕм ахӕм хъуыдыйыл, цӕмӕй уадзӕм ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл ӕрмӕстдӕр ахӕм политикӕ, кӕцы дзуапп дӕтдзӕн Фыдыбӕстӕйы бындурон интерестӕн", - загъта Путин.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, уӕрӕсейаг тырыса, кӕцы ист ӕрцыд ӕртӕ ӕнусӕй фылдӕры размӕ фыццаг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон науыл, баззад Уӕрӕсейы символӕй йӕ историйы иууыл уӕззаудӕр рӕстӕджыты - Петр Великийы рӕстӕджы Уӕрӕсейы Империйы сфидар кӕныны дуджы, Фыццаг дунейон хӕсты тохы быдырты, афтӕ ма 1990-ӕм ӕзты кардиналон ивындзинӕдты дуджы.
Абон триколор арф бацыд ӕмбӕстӕгты цардмӕ куыд уӕрӕсейаг паддзахады ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай, адӕмы иудзинады символ.
"Паддзахадон тырыса ӕвдисӕг у традицион хӕзнатыл иузӕрдиондзинадӕн, кӕцыты сӕрты мах никуы ахиздзыстӕм - рӕстдзинад ӕмӕ ӕцӕгдзинад, солидарондзинад ӕмӕ тӕригъӕд, Уӕрӕсейы историйӕн, нӕ фыдӕлты сгуыхтдзинӕдтӕн аргъкӕнынад, кӕцытӕ нын фӕдзӕхстой хъахъхъӕнын фыдыбӕстӕ ӕмӕ ма руадзын ӕддагон диктат ӕмӕ гегемони", - балхынцъ кодта Путин.
Ног хабӕртты лентӕ
0