Цæгат Иры эксплуатацимæ радтой туаггуыры дыууæ ног станцы

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæТуаггуыры станц
Туаггуыры станц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æввахс æртæ боны эксплуатацимæ ратдзысты туаггуыры дыууæ станцы, хъусын кæны 15-æм Регион регионы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиты Сосланы ныхæстæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, мæйы кæронмæ уыдзæн цæттæ станц Мæздæджы районы дæр.
"Алцыдæр цæуы графикмæ гæсгæ – туаггуыры цыппар станцы фæйнæ 2,5 тоннæйы иу суткæмæ цæттæ уыдзысты мæйы кæронмæ", - хъусын кæны Тебиты Сосланы ныхæстæ портал.
Афтæ ма республикæйы дарддæр уагъд цæуы куыст туаггуыры заводы арæзтады фæдыл, ныртæккæ инвестор бæрæг кæны арæзтады фæзуат.
Регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта фæтагъддæр кæнын туаггуыры станцы арæзтады фадыг æвзарыны процесс.
Ног хабӕртты лентӕ
0