Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы ацыдысты форум "Армия-2022"-ы мадзӕлттӕ

© Sputnik / Анна КабисоваФорум "Армия-2022"
Форум Армия-2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik. Ӕфсӕддон-техникон форум "Армия-2022", кӕцы уагъд цӕуы Цхинвалы, уӕрӕсейаг базӕйы территорийыл парк "Патриот"-ы, йӕ уазджыты размӕ рахаста ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгарзы нырыккон хуызтӕ, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.
Сӕрмагондӕй бацӕттӕгонд равдыстон фӕзуӕттыл равӕрдтой калмдзалх, цалхон техникӕ ӕмӕ ӕхсӕн хӕцӕнгарз, се хсӕн танктӕ Т-72А, тронетранспортертӕ БТР-80, тактикон зенитон ракетӕйон комплекс "тор", зенитон пушкӕйон-ракетӕйон комплекс "Тунгуска", 120-мм минометтӕ "Сани", бастдзинады станцӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр техникӕ.
Хуссар Иры цæрджытæн равдисдзысты форум Армия-2022-йы нырыккон уæрæсейаг хæцæнгарз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2022
Хуссар Иры цæрджытæн равдисдзысты форум "Армия-2022"-йы нырыккон уæрæсейаг хæцæнгарз
Афтӕ ма форумы организаци ӕрцыдысты ӕфсӕддон-спортивон хъӕзтытӕ, хиирхӕфсӕн фӕзуӕттӕ культурон-аивадон ӕмӕ ӕфсӕддон-патриотикон фӕдыздӕхты, кусдзӕн дзы быдырон къӕбиц дӕр.
Форумы мадзӕлттӕ ма ацыдысты Дзӕуджыхъӕуы дӕр, уым ма ӕфсӕддон техникӕйӕ дарддӕр уазджытӕ федтой Цӕгат Ирыстоны сфӕлдыстадон къордты ралӕудтӕ дӕр, афтӕ ма цӕугӕ музей.
Хуссар ӕфсӕддон зылды территорийыл ӕдӕппӕт ӕфсӕддон-техникон форум ацыд 16 фӕзуатыл Уӕрӕсейы Федерацийы 9 субъекты.
Sputnik - форум "Армия-2022"-ы ӕхсӕнадӕмон информацион партнер.
Ног хабӕртты лентӕ
0