Цхинвалы ацӕудзӕн ӕрмдӕсныты равдыст-армукъа

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ацӕудзӕн ӕрмдӕсныты равдыст-армукъа
Цхинвалы ацӕудзӕн ӕрмдӕсныты равдыст-армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны бонмӕ республикӕйы столицӕйы ацӕудзӕн декоративон-сфӕлдыстадон аивады армукъа, цы ран сӕ куыстытӕ равӕрыны фадар уыдзӕн алкӕмӕн дӕр, хъусын кӕны Адӕмон аивады республикон центр.
Центр Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады дӕлбар ӕрвылаз дӕр уадзы фестивальтӕ, кӕцыты хайад райсынц хӕдархайд къордтӕ ӕмӕ индивидуалон ӕрмдӕснытӕ.
"Ногдзауты парчы 26 августы ацӕудзӕн декоративон-сфӕлдыстадон аивады равдыст-армукъа. Мадзалмӕ хуынд цӕуынц республикӕйы ӕрмдӕснытӕ иууылдӕр, кӕцытӕ архайынц алыгъуызон фӕдыздӕхтыты", - банысан кодтой Центры.
Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы 26 августы. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы. Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.
Ног хабӕртты лентӕ
0