Хуссар Иры зынгфæдисон службæ нысан кæны йæ бындурæвæрды 92-æм афæдзыбон

© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфæдисон службæйы бон
Зынгфæдисон службæйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Бæрæгбонон ралæуд æмæ равдысттæй банысан кодтой Хуссар Ирыстоны зынгфæдисон службæйы бындурæвæрды 92-æм афæдзыбон.
Кусджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты УУМ разамонджытæ, афтæ ма Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты сæргълæуджытæ.
"Ивгъуыд æнусы 30-æм азты сарæзтæуыд зынгфæдисон службæ. Фыццаг зынгфæдисонтæ уыдысты мидхъуыддæгты адæмон комиссариаты сконды, стæй рахызтысты мидхъуыддæгты структурæмæ, цы ран сарæзтæуыд зынгсирвæзтты ныхмæ дæлхайад", - радзырдта Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Азæмæт.
© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфæдисон службæйы бон
День пожарной охраны  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Зынгфæдисон службæйы бон
Уый йæ хъусдард аздæхта фæндагмæ, кæцы рацыд службæ бирæ азты дæргъы.
"Кæд фыццаг дæлхайады уыд дыууын адæймаджы, уæд ныр та махмæ министрады ис 350 кусæджы. Арфæ кæнын зынгфæдисон службæйы кусджытæ æмæ ветерантæн, бузныг сын дзурын сæ службæйы тыххæй. Сæрыстыр дæн, ноябры мæ службæйыл ам кæй сæххæст уыдзæн 35 азы", - банысан кодта Цоциты Азæмæт.
Зынгфæдисон службæйы кусджытæн раарфæ кодта РХИ Æдасдзинады советы сæргълæууæг Плиты Анатолий дæр.
© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфæдисон службæйы бон
День пожарной охраны  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Зынгфæдисон службæйы бон
"Президент æмæ Æдасдзинады советы номæй арфæ кæнын сымахæн уæ бæрæгбоны цытæн. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ сабырдзинад бинонты. Хуыцау зæгъæд, æмæ цъусдæр зынгсирвæзттæ уа. Фæлæ ныры климатикон уавæрты, хъыгагæн, уæ хæслæвæрд у актуалондæр æмæ пайдадæр".
Бæрæгбонон мадзал адарддæр ис зынгфæдисон службæйы кусджыты равдыстон ахуыртæй.
© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфæдисон службæйы бон
День пожарной охраны  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Зынгфæдисон службæйы бон
Ног хабӕртты лентӕ
0