Цæдисон тыхтæ бацахстой Николаевы областы хай, скуынæг кодтой 200 националисты

© Sputnik / Виктор Антонюк /  Ахизын медиабанкмæУФ хæстонтæ
УФ хæстонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг – Sputnik. Цæдисон тыхтæ размæбырсты фæстиуæгæн бацахстой Николаевы областы хай, фехъусын кодтой дыццæджы УФ Хъахъхъæнынады министрады.
"Размæбырстон архæйдтыты фæстиуæгæн Херсон-Николаевы здæхтыл Александровкайы районы цæдисон æфсæдтæ скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты 28-æм механизацигонд бригадæйы дæлхайæдтæ æмæ рахызтысты Николаевы областы административон арæнтæм. Бацахстæуыд Херсоны областы территорийы 36 квадратон километры. Ссæрибар кодтой цæрæн пункт Комсомольское. Цæдисон тыхтæ сæ дæлбар бакодтой Николаевы областы 12 квадратон километры фæзуат", - загътой уагдоны.
Ивгъуыд суткæйы Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ иттæг дырыс хæцæнгарзæй скуынæг кодтой Донецкы Адæмон Республикæйы территорийыл 200 онг националисты, банысан кодтой уагдоны.
Уымæй дарддæр уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ ивгъуыд суткæйы æрыппæрстой украинæйаг хæдтæхæг Су-27 æмæ æхсæз æнæпилотон тæхæг аппараты (æдæппæт сæрмагонд операцийы райдайæнæй æрыппæрстой 1800 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты).
Афтæ ма уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой залпон æхсты реактивон ситемæты 15 сармадзаны Харьковы областы Вернополье цæрæн пункты, Херсоны областы Антоновка, Дарьевка æмæ Чернобаевкайы районы.
Ног хабӕртты лентӕ
0