Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

3. Белоты удмарты хъаст. Фугæджыны катай. Тифлисæн – рагфæдзæхст

3. Белоты удмарты хъаст. Фугæджыны катай. Тифлисæн – рагфæдзæхст.
Рафыссын
Судзгæ хъæуæй цы сывæллæттæ алыгъд, уыдон ма иу ныфс уыд – хъæды бамбæхсын. Фæлæ тугдзыхтæ сæ фæстæ зылдысты, ахстой сæ æмæ æвирхъауæй мардтой. Дыууæ лæппуйы бæрзонд къардиуы сæрмæ басырдтой æмæ сæ фехстой. Кæд цæф нæ фесты, уæддæр цыргъ къæдзæхтыл ныппырх уыдаиккой…
Фугæджыны адæм æнæнцой æхсæв арвыстой, тымбыл кодтой уæрдæттæм сæ фæллой. Æхсар, бо æмæ Таймураз зилынц хъæубæсты хæдзæрттыл æмæ адæмы фæдзæхсынц. Бибойы фæнды йæ уарзон чызджы рæсугъд цæстытæм ма иу каст уæддæр бакæнын ахсæв.
Тифлисы Ной Жордания йæ хъарм кабинеты сæмбæлд Михе Барсовимæ – уый уыд æрмæст Фæскавказы нæ, фæлæ æнæхъæн дунейы социалистон змæлды сæрмагонд уæнгтæй иу. Жордания зыдта, гуырдзыйы мæнггуырд хæдбардзинад кæд исчи сафа, уæд æнæмæнг Михе Барсов æмæ Дзугаты Стъалы уыдзысты…
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0