https://sputnik-ossetia.com/20220824/artaazon-ippardy-fasta-kuyd-sambald-leningor-arany-bakondyl-18444674.html
Ӕртӕазон иппӕрды фӕстӕ: куыд сӕмбӕлд Ленингор арӕны бакондыл
Ӕртӕазон иппӕрды фӕстӕ: куыд сӕмбӕлд Ленингор арӕны бакондыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Гуырдзыстонимӕ арӕныл уадзӕн пункты фӕстаг цалдӕр боны змӕлы бирӕ адӕм - Чысангомы... 24.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-24T16:09+0300
2022-08-24T16:09+0300
2022-08-24T16:14+0300
хуссар ирыстоны
репортажтӕ
ленингоры район
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/18/18438410_0:113:1197:786_1920x0_80_0_0_79b9866e4cddc94a10b74d7d159bc18c.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Гуырдзыстонимӕ арӕныл уадзӕн пункты фӕстаг цалдӕр боны змӕлы бирӕ адӕм - Чысангомы цӕрджытӕн 20 августӕй фӕзынд фадат ацӕуын Гуырдзыстонмӕ ӕмӕ ӕрбаздӕхын фӕстӕмӕ.Развӕлгъау хъӕуы райсын пропуск. Гӕххӕттыты фидар кӕныны хъуыддаджы цӕрджытӕн ӕххуыс кӕны районы разамынад."Раздӕхӕн" ныр кусы цалдӕр боны. Ацы ӕмгъуыд бирӕтӕ спайда кодтой цыбыргонд фӕндаджы гомӕй, аннӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ гӕххӕттытӕм, бирӕтӕ та сӕ зӕнӕджы ӕрбацыдмӕ. Ногдзинӕдтӕ ныр сты, дуканиты, уынгты ӕмӕ кафеты адӕм цӕуыл дзурынц, уый сӕйраг темӕ. Ацы фарст афтӕ катайаг уыд районы цӕрджытӕн ӕмӕ сӕ цыма ӕндӕр ницы тыхсын кӕны, уый хуызӕн у уавӕр."Ӕртӕ азы нӕ федтон ӕмӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ зӕнӕджы. Ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсын се 'рцыдмӕ. Мӕхицӕн та ис цыппар операци ӕмӕ мӕ ӕдзух хъӕуы цӕуын дохтыртӕм", - дзуры посёлочы цӕрӕг Марина.Кӕд раздӕр бынӕттон цӕрджытӕ нӕ разы кодтой журналисттимӕ ныхас кӕныныл, уӕд ныр та рӕвдзӕй дзурынц бузныджы ныхӕстӕ республикӕйы хицауадӕн ӕмӕ ӕвдисынц сӕ цины ӕнкъарӕнтӕ.Сӕ хиуӕтты феныны уӕлдай ма ныр ленингойрӕгтӕн фадат ис сыхаг бӕстӕйы медицинон лӕггӕдтӕй пайда кӕнын."Владимир Путин, Гаглойты Алан ӕмӕ Гӕджиты Илларионӕн се' ппӕтӕн дӕр бузныг. Абон уыдтӕн Тбилисы дохтыртӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр фездӕхтӕн", - дзуры Бирюкова Анна.Ленингоры цӕрджытӕй, кӕцытӕ ӕртӕ азы цардысты ӕхгӕд арӕнты, алкӕмӕн дӕр ис йӕхи цыбыр истори. Кӕмӕндӕр ацы рӕстӕг фӕзиан сты йӕ ныййарджытӕ, ныр цӕуынц сӕ ингӕнтӕ уынынмӕ, аннӕтӕн сӕ сывӕллӕттӕн райгуырд зӕнӕг, ӕртыккӕгтӕ та рагӕй нӕ федтой сӕ хиуӕтты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/18/18438410_0:0:1197:898_1920x0_80_0_0_062625f833e2fcce07f8c4baf7f5a245.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, репортажтӕ, ленингоры район, политикӕ
хуссар ирыстоны, репортажтӕ, ленингоры район, политикӕ
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Гуырдзыстонимӕ арӕныл уадзӕн пункты фӕстаг цалдӕр боны змӕлы бирӕ адӕм - Чысангомы цӕрджытӕн 20 августӕй фӕзынд фадат ацӕуын Гуырдзыстонмӕ ӕмӕ ӕрбаздӕхын фӕстӕмӕ.
Развӕлгъау хъӕуы райсын пропуск. Гӕххӕттыты фидар кӕныны хъуыддаджы цӕрджытӕн ӕххуыс кӕны районы разамынад.
"Куыддӕр фехъусын кодтам адӕмӕн, афтӕ нӕм иу бонмӕ сӕ гӕххӕттытӕ ӕрбавдыстой 500 адӕймаджы. Кӕмӕндӕрты ис архайгӕ пропусктӕ 2019 азӕй. 150 фылдӕр та нӕм ис ирон паспорт райсыны тыххӕй куырдиӕттӕ", - загъта районы администрацийы хистӕры фыццаг хӕдивӕг Девидзе Реваз.
"Раздӕхӕн" ныр кусы цалдӕр боны. Ацы ӕмгъуыд бирӕтӕ спайда кодтой цыбыргонд фӕндаджы гомӕй, аннӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ гӕххӕттытӕм, бирӕтӕ та сӕ зӕнӕджы ӕрбацыдмӕ. Ногдзинӕдтӕ ныр сты, дуканиты, уынгты ӕмӕ кафеты адӕм цӕуыл дзурынц, уый сӕйраг темӕ. Ацы фарст афтӕ катайаг уыд районы цӕрджытӕн ӕмӕ сӕ цыма ӕндӕр ницы тыхсын кӕны, уый хуызӕн у уавӕр.
"Ӕртӕ азы нӕ федтон ӕмӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ зӕнӕджы. Ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсын се 'рцыдмӕ. Мӕхицӕн та ис цыппар операци ӕмӕ мӕ ӕдзух хъӕуы цӕуын дохтыртӕм", - дзуры посёлочы цӕрӕг Марина.
Кӕд раздӕр бынӕттон цӕрджытӕ нӕ разы кодтой журналисттимӕ ныхас кӕныныл, уӕд ныр та рӕвдзӕй дзурынц бузныджы ныхӕстӕ республикӕйы хицауадӕн ӕмӕ ӕвдисынц сӕ цины ӕнкъарӕнтӕ.
"Ног хицауадӕй нӕ зӕрдӕтӕ райынц. Президент йӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕны. Стӕй бынӕттон разамынад дӕр адӕммӕ лӕууы ӕввахсдӕр, хъусынц нын нӕ ныхас, немӕ ныхасмӕ ӕргом сты", - загъта поселочы цӕрӕг Тадтаты Циури.
Сӕ хиуӕтты феныны уӕлдай ма ныр ленингойрӕгтӕн фадат ис сыхаг бӕстӕйы медицинон лӕггӕдтӕй пайда кӕнын.
"Владимир Путин, Гаглойты Алан ӕмӕ Гӕджиты Илларионӕн се' ппӕтӕн дӕр бузныг. Абон уыдтӕн Тбилисы дохтыртӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр фездӕхтӕн", - дзуры Бирюкова Анна.
Ленингоры цӕрджытӕй, кӕцытӕ ӕртӕ азы цардысты ӕхгӕд арӕнты, алкӕмӕн дӕр ис йӕхи цыбыр истори. Кӕмӕндӕр ацы рӕстӕг фӕзиан сты йӕ ныййарджытӕ, ныр цӕуынц сӕ ингӕнтӕ уынынмӕ, аннӕтӕн сӕ сывӕллӕттӕн райгуырд зӕнӕг, ӕртыккӕгтӕ та рагӕй нӕ федтой сӕ хиуӕтты.