Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæныл æрурæдтой АИШ æмбæстаджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæн
Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы паддзахадон арæны уылты æнæзаконæй ахизыны тыххæй æрурæдтой Америкæйы иугонд штатты (АИШ) æмбæстаджы, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Фæткхалæг разынд 23-аздзыд Фрэнк Янез, Калифорния штатæй рацæугæ, штат Орегон горæт Джексон Кантрийы цæрæг.
Уагдоны банысан кодтой, зæгъгæ, æртыццæджы, сгарæн мадзæлтты фæстæ, законтæм гæсгæ, арæнхалæджы феддæдуар кодтой республикæйы территорийæ æмæ йæ радтой гуырдзиаг фарсмæ.
"Ацы цауы фæдыл бæрндзинад ис Гуырдзыстон æмæ АИШ къухдариуæгадыл, кæцытæ разы не сты банымайын Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ æмбæхсынц фæсарæйнаг æмбæстæгтæй, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн паддзахадон арæн кæй ис, уый", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Уагдоны зæрдыл æрбалæууын кодтой, уый кæй уыд дыккаг хатт, АИШ æмбæстагæн куы нæ фехъусын кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн паддзахадон арæн кæй ис, æмæ уый æнæзаконæй ахызт арæны уылты.
ПÆК загътой, АИШ кæнæ æндæр бæстæты æмбæстæгты æххæст æдасдзинад сæххæст кæныны фадат уыдзæн РХИ Паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0