Хуссар Иры районты кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц хоры тыллӕг ӕфснайыны куыстытӕ

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæХор
Хор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны хоры культурӕтӕ ӕфснайыны фӕдыл куыстытӕ бахӕццӕ сты кӕронбӕттӕнон этапмӕ, фехъусын кодта Sputnik паддзахадон унитарон куыстуат "Ирагропромсервис"-ы сӕргълӕууӕг Мамытаты Вахтанг.
Ацы аз республикӕйы фермертӕ бакуыстой фылдӕр быдыртӕ фаронмӕ абаргӕйӕ. Уый тыххӕй раздӕр хъусын кодта хъӕукуон хӕдзарады министрад. Ивгъуыд азы онг куыст цыдысты 2,5 мин гектары бӕрц зӕххытӕ, фарон уыцы фӕзуат фӕфылдӕр ноджы 500 гектары.
"Ленингор ӕмӕ Цхинвалы районты тыллӕг ӕфснайд фӕцис. Ацы бонты ӕфснайдтой сӕ быдыртӕ Къостайы хъӕуы фермертӕ дӕр. Техникӕ сӕм ӕрбакодтам Цъинагары зонӕйӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уым куыстытӕ фесты. Знауыры районы та куыстытӕ балхынцъ уыдзысты сом", - радзырдта куыстуаты хистӕр.
Мамытаты Вахтангы ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны онг бафснайгӕ фӕзуӕтты бӕрц ахызт 3200 гектарӕй.
"Баззад ма нын бабӕстон кӕнын сӕдӕйӕ чысыл фылдӕр гектары зӕххытӕ, уыдоныл дӕр ма кӕд бахъӕуӕм цалдӕр боны", - банысан кодта уый.
Фӕззӕджы та, адарддӕр кодта "Ирагропромсервис"-ы сӕргълӕууӕг, техникӕ архайдзӕн хуымгӕнӕн куыстыты, афтӕ ма фӕззыгӕндтӕ тауыны.
Ног хабӕртты лентӕ
0