Хуссар Иры зынгфæдисонтæ иу суткæмæ ахуыссын кодтой хус кæрдæджы цалдæр ссыгъды

© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфæдисонтæ
Зынгфæдисонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Ивгъуыд суткæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ ахуыссын кодтой хус кæрдæджы ссыгъд авд хатты, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Фæйнæ дыууæ зынгсирвæзты æрцыд Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуы, микрорайонтæ "Мæскуыйаг" æмæ "Цæгаттаджы", иу та - Къуернеты хъæуы.
Хуссар Ирыстоны сбæрæг кодтой зынгхуыссынгæнæн службæйы хуыздæр кусджыты  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Хуссар Ирыстоны сбæрæг кодтой зынгхуыссынгæнæн службæйы хуыздæр кусджыты
Зынгсирвæзттæ ахуыссын кæныны хъуыддаджы хайад истой 56 адæймаджы æмæ техникæйы аст иуæджы.
"Цæмæй арт цæрæн хæдзæрттæм æввахс ма рбауагътаиккам, трагикон фæстиуджытæ æмæ стыр зиæнттæ ма руадзыны нысанæн зынгсирвæзттæй тæссаг рæстæджы тобæгонд у арт кæнын, хус кæрдæг æмæ бырон судзын, судзгæ пæрттой æмæ тамако æппарын", - бафæдзæхстой уæлвæткон уагдоны.
УУМ зæрдыл лæууын кодтой, зынгсирвæзтты аххосджынтæ кæй хæсдзысты бæрн статья "Хъæдты зынгсирвæзтон æдасдзинады фæтк фехалын"-мæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0