Шойгу радзырдта, сæрмагонд операцийы темптæ барæй кæй æрныллæг кодтой

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæМелитополь
Мелитополь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады сæргълæууæг Сергей Шойгу фехъусын кодта, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы темптæ барæй кæй æрныллæг кодтой.
Шойгуйы ныхæстæм гæсгæ, уый арæзт цæуы, цæмæй сабыр цæрджыты хсæн амæттæгтæ ма уа.

"Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы мах æххæст кæнæм гуманитарон барады нормæтæ. Цæфтæ æххæст цæуынц иттæг дырыс хæцæнгарзæй, уæрæсейаг æфсад æхсы Украинæйы Гарзджын тыхты æфсæддон инфраструктурæ – фæткдаруаты пункттæ, аэродромтæ, æфтауцтæ, æфсæддон-сæудæджерадон комплекс. Уыимæ иумæ, алцыдæр арæзт цæуы, цæмæй сабыр цæрджыты хсæн амæттæгтæ ма уа. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æрныллæг кодта размæбырсты темптæ, фæлæ мах уый нæхæдæг равзæрстам", - хъусын кæны уæрæсейаг хъахъхъæнынадон уагдоны сæргълæууæджы ныхæстæ РИА Новости.

Афтæ ма министр банысан кодта, уæрæсейаг æфсæддонтæ кæй сорганизаци кодтой куыст сабыр цард æрнывыл кæныны фæдыл ссæрибаргонд территоритыл.
"Гуманитарон æххуыс кæнæм, цалцæг кæнæм инфраструктурæ", - фехъусын кодта министр.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0