Уæрæсейы авиаци æмæ артиллери скуынæг кодта фондз æфтауцы украинæйаг хæстæрмæджытимæ

© Sputnik / Валентин Капустин /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы авиаци
Уæрæсейы авиаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik. Оперативон-тактикон æмæ æфсæддон авиаци, афтæ ма УФ ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери скуынæг кодтой фондз æфтауцы украинæйаг æфсæддонты хæстæрмæджытимæ æмæ материалон-техникон ифтонгады пункт, хъусын кæны РИА Новости Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадыл æнцойгæнгæйæ.
"Оперативон-тактикон æмæ æфсæддон авиаци, афтæ ма УФ ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери дарддæр æхсынц æфсæддон объекттæ Украинæйы…. Скуынæг кодтой фондз æфтауцы хæстæрмæджытимæ", - дзырдæуы документы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0