Йæ цардæй ахицæн хуссарирыстойнаг паддзахадон архайæг Цоциты Алан

© Facebook / Anna ChochityЦоциты Алан
Цоциты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik. Хуссарирыстойнаг паддзахадон архайæг æмæ историк Цоциты Алан йæ цардæй ахицæн 76-аздзыдæй, фехъусын кодтой политикы хиуæттæ.
Цоциты Алан райгуырд Цхинвалы 1946 азы. 1970-æм азты куыста уæгъдибар хъæбысхæсты тренерæй, уыд истори, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
1980-90 азты уыд æхсæнадон организаци "Адæмон ныхас"-ы разамонæг, кæцы активонæй тох кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæраппонд, бирæ куыста Хуссар Ирыстоны суверенитетæн политикон-барадон бындуры арæзтадæн.
Цоциты Алан куыста паддзахадон бынæтты дæр – уыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр советы сæрдары хæдивæг.
Историон зонæдты доктор, зонадон куыстыты автор.
Ног хабӕртты лентӕ
0