Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

4. Фугæджыны лигъдæттæ. Белоты кæстæртæ. Фугæджыны иунæг цæрæг. Тифлис

4. Фугæджыны лигъдæттæ. Белоты кæстæртæ. Фыццаг лигъдонтæ. Белоты мæлæт. Фугæджыны иунæг цæрæг. Тифлис
Рафыссын
Фугæджыны хъæуы адæмы Арон барæвдз кодта, йæхæдæг баззад. Рутен колоннæйы сæр балæууыд йе ᾿мгæрттимæ, æмæ анкъуыстысты хъæуы цæрджытæ, чысыл Габе дæр семæ. Фæндагыл лæппуйæн йæ зæрдыл æрбалæууыд райгуырæн хъæу, йæ зæрдæ мастæй айдзаг, иу фæзилæны рагæпп кодта уæрдонæй æмæ хъæды мидæг æрбайсæфт.
Белоты гуырдзиаг фыдгæнджытæ сывæллæтты бæхдонмæ тæрынц фосау, дзидзидай сывæллæтты та суджы къуыдыртау, мидæмæ зыввытт кæнынц. Холлаг самадтой бæхдоны алыварс æмæ сыл зынг бафтыдтой. Гуырдзиаг удхорты æфсад сæ фæстæ цардæй æхсидгæ ирон хъæуы бынаты ныууагътой сау-сауид фæнык.
Фугæджыны иунæгæй баззад Арон. Фыдбылызхæсджытæ нырма æрдæгфæндагыл уыдысты, фæлæ сæ разæй чысыл Габе æрхæццæ ис æмæ Ароны хæдзармæ бацыд.
Тифлисы аргъуаны кæрты ныгæнынц гуырдзиаг комиссар Георгий Мачабелийы. Валикъо Джугели æрхаста фыстæг Ной Жорданиямæ – уым ирæттæ фыссынц кæй нæ ратдзысты сæ хæцæнгарз, Мачабели æмæ Кецховелийы мæлæты сæхи кæй нæ аххосджын кæнынц. Жордания радта мобилизацийы фæдыл бардзырд.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0