ФХМ сӕргълӕууӕг: Хуссар Иры паддзахад у ӕххӕст алы атрибутӕй дӕр

© Наталья АйриянХуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ , 25 авг - Sputnik, Козаты Диана. Фӕсарӕйнаг хъуыддӕты министр Джиоты Ӕхсар фехъусын кодта, зӕгъгӕ, фидарӕй зӕгъӕн ис, Хуссар Ирыстон кӕй у ӕххӕст алкӕцы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг паддзахадон атрибутӕй дӕр.
Ӕддагполитикон уагдоны ног сӕргълӕууӕг фыццаг хатт фембӕлд Дзыллон информацийы минӕвӕрттимӕ. Политикы брифинг ацыд Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-центры.
Джиоты Ӕхсар зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуссар Ирыстонӕн куыд хӕдбар паддзахадӕн бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцыд 1992 азы , Паддзахадон суверенитеты фӕдыл Акт ист куы ӕрцыд, уӕд. Афтӕ ма уый бахахх кодта, 2008 августы агъоммӕ дӕр республикӕйы кӕй нымадтой къорд ӕфсымӕрон бӕстӕйы.
"Уӕрӕсейы рдыгӕй банымайыны бон у ахъаззаг цау. Фӕлӕ ма банысан кӕнын ӕмбӕлы, ацы бӕрӕгбоны размӕ ирон адӕм кӕй бавзӕрстой тынг уӕззау фыдӕбӕттӕ ӕмӕ зиӕнттӕ", - загъта министр.
Уый бахахх кодта, хӕдбардзинады принцип кӕй бындуриуӕг кӕны ӕнӕмӕнгхъӕуӕг атрибуттыл, ахӕмтӕ куыд территори, хицауады органтӕ, ӕфсад, адӕм - ӕппӕт уыцы критеритӕн Хуссар Ирыстон дзуапп дӕтты ӕххӕстӕй.
"Сӕрибарӕй зӕгъӕн ис, мах кӕй стӕм ӕххӕст паддзахад, банымадта нӕ Уӕрӕсейы Федераци, дунейон лидертӕй иу, ядерон бӕстӕ. Ацы банымад махӕн дӕтты фылдӕр ныфс ӕмӕ фадӕттӕ райрӕзтӕн, сабыр цард амайынӕй ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтимӕ ӕмгуыстадӕн", - загъта ФХМ сӕргълӕууӕг.
Джиоты Ӕхсар ма бафиппайдта, зӕгъгӕ, ӕхсӕнадӕмон барады ницы дзырдӕуы, бӕстӕйы хӕдбардзинад цал ӕндӕр бӕстӕйы хзъуамӕ банымайон, цӕмӕй нымад ӕрцӕуа сувереноныл.
Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад 2008 азы 26 августы, Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны операцийы фæстæ. Уый фæстæ республикæты суверенитет банымадтой ноджы Никарагуа, Венесуэла, Науру æмæ Сири.
Хæдбардзинад банымайыны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2022
Хуссар Ир йæ хæдбардзинады банымад банысан кæндзæн бæрæгбонон мадзæлттæй
Ног хабӕртты лентӕ
0