Калининграды ӕрцахстой "Азов"-ы* хъузоны, кӕцы хъавыд саразын теракт Балтфлоты объекттыл

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Ӕдасдзинады федералон службӕ ӕрурӕдта Калининграды "Азов"-ы* (Уӕрӕсейы тобӕгонд организаци) фарсхӕцӕджы, кӕцы хъавыд саразын теракт Балтиаг флоты объекттыл ӕмӕ аэропорт "Храброво"-йы, хъусын кӕны РИА Нововсти.
"Калининграды рабӕрӕг кодтой ӕмӕ ӕрцахстой бынӕттон цӕрмджы, уый у УФ ӕмбӕстаг, 1967 азы гуырд, организаци "Азов"-ы хъузон, кӕцы фӕнд кодта ауадзын диверсион-террористон акци Балтиаг флоты объектты ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты ныхмӕ, афтӕ ма аэропорт "Храброво"-йы", - дзырдӕуы ӔФС хъусинаджы.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Украинӕйы уӕвӕг "Азов"-ы* координаторы хӕслӕвӕрды фӕлгӕтты уый хъавыд саразын диверси ӕмӕ стӕй алидзын бӕстӕйӕ.
Йӕ цӕрӕн бынаты сусӕг ран спецслужбӕты кусджытӕ ссардтой хиаразгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕг, "Азов"-ы* хайадисджытимӕ фыстӕджытӕ, агитацион литературӕ ӕмӕ тобӕгонд организацийы символикӕ.
Нӕлгоймаг басаст йӕ архайдыл, йӕ ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0