Хуссар Иры милици рахызт службæйы фæтыхджындæргонд вариантмæ

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры МХМ кусджытæ
Хуссар Иры МХМ кусджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады хисæрмагонд сконд рахызт службæйы фæтыхджындæргонд вариантмæ цыппæрæмæй сабаты онг, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
МХМ куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы мадзал ист æрцыд Хуссар Ирыстоны Банымады бон нысан кæныны рæстæджы æхсæнадон æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн.
"Ӕхсæнадон æдасдзинадмæ сæ хъус дардзысты мидхъуыддæгты министрады сæдæгай кусджытæ. Бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы Паддзахадон автоинспек5ци æмæ мидхъуыддæгты районон хайæдтæ фæтыхджындæр кæндзысты стационарон посттæ. Ногдзауты паркмæ æмæ Театралон фæзуатмæ бахизæнты сæвæрдзысты контролон-уадзæн пункттæ. Мадзæлтты бынæтты та развæлгъау ауадздзысты инженерон-саперон басгæрст", - радзыдтой МХМ пресс-службæйы.
Хуссар Ирыстоны ацæудзысты бæрæгбонон мадзæлттæ Уæрæсейы рдыгæй республикæйы хæдбардзинад банысан кæныны 14-æм афæдзыбоны цытæн. Бæрæгбон райдайдзысты 25 августы: республикæйы æппæт районты дæр бынæттон сфæлдыстадон коллективтæ ауадздзысты концерттæ. Мадзæлттæ адарддæр уыдзысты 26 августы Цхинвалы, уым ацæудзысты алыгъуызон равдысттæ, концерттæ, акцитæ.
Хæдбардзинад банымайыны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2022
Хуссар Ир йæ хæдбардзинады банымад банысан кæндзæн бæрæгбонон мадзæлттæй
Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад 2008 азы 26 августы, Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны операцийы фæстæ. Уый фæстæ республикæты суверенитет банымадтой ноджы Никарагуа, Венесуэла, Науру æмæ Сири.
Ног хабӕртты лентӕ
0