Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

5. Фугæджыны ног ныфс. Сидæйнаг Рутен

5. Фугæджыны ног ныфс. Сидæйнаг Рутен.
Рафыссын
Фугæджыны Ароны хæдзары фынгыл бадынц Арон æмæ чысыл Габе – сæ сихор хæрынц хæларæй æмæ ныхас кæнынц. Арон бацамыдта чысыл Габейæн скъæтгонды холладжы бынмæ кæй ис ныккæндмæ ныххизæн. Уырдæм куы ныххиза, уæд дзы суанг хъæды онг ис дæлзæхх фæндаг.
Фугæджынæй цы адæм ралыгъдысты Рутены сæргълæудæй, уыдон æрбахæццæ сты Кемеретмæ æмæ уым æрæхсæвиуат кодтой. Æхсæвæр куы хордтой Рутен йе ᾿мбæлттимæ уæ сæм æрбауазæг æрæджы кæй амардтой, уыцы Мачабелийы хæрз æфсымæр Никъолоз. Уый фехъусын кодта Рутенæн Тифлисæй Жорданийя йæ гвардийы кæй рарвыста хицæн къорд æмæ йын кæй снысан кодта стыр аргъ. Никъолоз йæ тыхсдзинад равдыста дуджы уавæры тыххæй, фæлæ банысан кодта ирæттимæ дарддæр дæр хæларæй кæй цæрдзысты æмæ фæндаг аразынæн цæлхдуртæ кæй нæ æвæрдзысты.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0