Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

6. Тугдзыхтæ фугæджыны къæсæрыл. Рутены фæндаг. Фугæджын

6. Тугдзыхтæ фугæджыны къæсæрыл. Рутены фæндаг. Фугæджын.
Рафыссын
Фугæджынмæ знаджы бæхджын æфсад хъæумæ ᾿рбахæццæ ис, Арон чысыл Габейы скъæты ныккæнды бамбæхста. Удмарты тугдзых хистæр Ираклий Ароны раз дзыхълæуд фæкодта æмæ иннæтæ дæр æрлæууыдысты. Аронæн йæ зæрдæ æхсайдта чысыл Габемæ æмæ рæстæг аивазыны хъуыдыимæ ныхæстæ кодта Ираклиимæ.
Кемереты уазджытæ хорз æхсæв арвыстой æмæ сæхи цæттæ кæнынц фæндагмæ. Кæртуæллаг кусджытæ фæндаджы арæзтады кусынмæ цыдысты Рутены фæстæ. Бибо Зæлинæимæ йæ амонд баиу кæныны тыххæй йе ᾿мбæлттимæ дзуры.
Фугæджыны гуырдзиаг тугдзыхтæ хынджылæг кæнынц Аронæй æмæ йæ удхарæй марынц – фæнды сæ базонын кæм ис Рутен. Бабастой йæ къухтæй бæласмæ, къæхтæй та бæхтæм æмæ та ахæцынц фæйнæрдæм, фæлæ Ароны сæ бон нæу басæттын. Кæцæйдæр бæхты хъæлæба æрбайхъуыст æмæ æнæзонгæ ᾿фсады къорд сæ тæккæ цур фестад. Уыдон уыдысты Мачабели Никъолоз æмæ йæ адæм. Ссæрибар кæнын кодтой Ароны æмæ бартхъирæн кодтой Иракли æмæ йе ᾿фсадмæ, зæгъгæ, дарддæр цæуæн нæй – сæрибар зæххытæ сты.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0